Галерас
Галерас (исп. Galeras) — стратовулкан Хуссар Америкæйы Колумбийы территорийыл, гыццыл фалдæр сахар Пастойæ.
Галерас | |
---|---|
Кæм ис | |
01°13′ с. ш. 77°22′ з. д.HGЯO | |
Ран | Колумби |
Хохы системæ | Андтæ |
Характеристикæтæ | |
Бæрзæнд | 4276 м |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Вулканы бæрзæнд хæццæ кæны 4276 м, диаметр бындурыл 20 км фылдæр. Кратеры диаметр — 320 метры, йæ арфад — 80 метрæй фылдæр.
Геологты æмæ вулканологты иртæстытæм гæсгæ фæстаг 7 мин азы агъоммæ Галерасыл æрцыдис 6 егъау æмæ тынг бирæ чысыл сирвæзты. Афтиддæр XVI æнусы дæргъы ам регистрацигонд æрцыдис ссæдз сивæзтæй фылдæр. 1993-æм азы иртасæн куыстытæ æххæст гæнгæйæ вулканы кратеры фæмард 6 геологы (уыцы уысмы райдыдта вулканы сирвæзт). 2006-æм азы ноябры егъау сирвæзты тасæй тæрсгæйæ алфæмбылайон цæрæнрæттæй эвакуацигонд æрцыдысты аст мин цæрæгæй фылдæр. Фæстаг сирвæзтытæ уыдысты 2008-æм азы январы, 2009-æм азы февралы[1], 2010-æм азы январы[2]
Кæс ноджы
ивынФиппаинæгтæ
ивынÆрвитæнтæ
ивын- GOES imagery of the 03 January 2010 eruption (CIMSS Satellie Blog)
- Galeras volcano website Архивгонд æрцыдис 16 майы 2008 азы.
- Watch Galeras in realtime Архивгонд æрцыдис 8 ноябры 2007 азы.
- Global Volcanism Program
- VolcanoWorld information Архивгонд æрцыдис 4 апрелы 2005 азы.
- BBC on the November 2005 eruption.