Галикарнасы мавзолей

Галикарнасы мавзолей у Карийы паддзахиуæггæнæг Мавсолы зæппадз. Арæзт æрцыдис йæ ус Артемисия II-æмы бардзырдмæ гæсгæ нæ эрæйы агъоммæ IV æнусы Галикарнасы (ныртæккæйы Турчы сахар Бодрум).

Миниатюр модель Стамбулы парк «Миниатюрк»-ы

Алы ахуыргонд грекъаг дæр буц æмæ сæрыстыр уыдиc Галикарнасæй — «историйы фыд» Геродоты райгуырæн сахарæй. Номдзыд ахуыргонд ам арвыста йе ’взонджы бонтæ, ам тох кодта тиранийы ныхмæ, ардыгæй фæхауæггаг тиранийы аххосæй. Сахар уыди Чысыл Азийы, денджызы былгæрон. Нæ эрæйы агъоммæ 377–352 азы дзы паддзахиуæг кодта Мавсол. Курдиатджын дипломат дардта æххуырсгæ флот æмæ æфсад æмæ байста Чысыл Азийы хуссар-скæсæйнаг хай æнæхъæнæй. Йæхæдæг кариаг (хеттæгты мыггагæй) уæвгæйæ архайдта грекъаг философи парахат кæныныл. Йæ сахары сарæзта, æгас дунейы дæр æмбал кæмæн нæй, ахæм галуантæ, кувæндæттæ.

Мавсолы амарды фæстæ паддзахы къæлæтджын бацахста йæ ус Артемисия II. Родосæгтæн уый хъыг уыд, ома Карийы сахартæн сылгоймаг цæмæн у уынаффæгæнæг æмæ йæ ныхмæ арвыстой сæ хæстон флот. Артемисия уый куы базыдта, уæд йæхи флот хибар ран бамбæхста, сахары цæрджыты та фидæрттæм барвыста. Родосæгты хæстон наутæ куы ’рбахæццæ сты, уæд сыл Галикарнасы цæрджытæ сæхи цингæнæг скодтой, урс тырысатæ сдардтой. Родосæгтæ сæ наутæ ныууагътой æмæ сахармæ бацыдысты. Уыцы рæстæг Артемисия йе ’мбæхст бынатæй йæ флот ракодта æмæ родосæгты фæцагъта сахары фæзы. Йæ хæстонты сбадын кодта æмæ йæ фæндаг Родосмæ адардта. Родосæгтæ сæ наутыл лавры чъинатæ куы ауыдтой, уæд банхъæлдтой, нæ хæстонтæ тохæй уæлахизæй æрбаздæхтысты, зæгъгæ. Артемисия сакъадах байста, йæ паддзæхты йын амардта æмæ Родосы сæвæрын кодта цыртдзæвæн: Артемисия Родосыл цагъары гакк куыд æвæры, уый æвдыстой дыууæ бронзæ скульптурæйы.

Артемисия йæ лæг Мавсолы тынг кæй уарзта, уый тыххæй фыстой историктæ Плиний æмæ Геллий. Мавсол, дам, куы амард, уæд ын йæ ус скодта стыр хист. Лæджы буар басыгътой. Йæ фæныкыл ын духи æмæ дон ныккодтой, æмæ йæ Артемисия банызта. Валери Максим фыссы: усы фæндыд йæ лæгæн цардæгас цырт фестын. Ноджы йын саразын кодта адæмæн æмбисонды зæппадз. Уый нымад æрцыди дунейы фæндзæм диссагыл. Дзырд «мавзолей» дæр Мавсолы номæй равзæрд. Артемисия йæ цæргæбонтæ арвыста йæ лæгыл хъыггæнгæйæ, мæрдтæм дæр æй хъыг батардта.

Мавзолейы кæлддзаг

Мавзолей рауад æвирхъау рæсугъд. Йæ архитектурæйы сиу сты æртæ стилы: дориаг, ионаг æмæ коринфаг. Ацы бæстыхай хъуамæ уыдаид зæппадз дæр æмæ кувæндон дæр. Æртæ æддæгуæлæ хайæ алкæмæн дæр уыд йæхи нысан: урс мармæрæй амад пьедесталыл лæууыдысты егъау цæджындзтæ, уыдоныл — пирамидæхуыз цар, пирамидæйы цъуппыл та егъау скульптурæ — цыппар бæхы дыдзæлхыг уæрдоны ифтыгъдæй, уæрдоны — Мавсол æмæ Артемисия. Зæппадзы бæрзæнд уыди 46 метры, йæ дæлбазыр — домбæйтты æмæ барджыты дурнывтæ. Проект сарæзтой номдзыд архитектортæ Пифей æмæ Сатир. Уæды рæстæджы дæсныдæр нывгæнджытæ æзхуыздæрбакусонæй ерыс кодтой бæстыхай амайгæйæ. Скопас ын арæзта йе скæсæйнаг фарс æмæ дзы равдыста грекъæгты тох амазонкæтимæ. Ацы фарсæн йæ иу стыр хай нæ фехæлд, æмæ абоны фæлтæртæ дисгæнгæйæ фæкæсынц номдзыд скульпторты нывтæм. Рагон историктæ куыд фыссынц, афтæмæй зæппадзы иннæ фæрстыл нывгонд уыдысты Тесей æмæ Пелопс алы хуызты, стæй кентавртæ æмæ лапифтæ. Мавсол æмæ Артемисияйы скульптурæ та, дам, Пифейæн йæхи конд у. Нырыккон ахуыргæндтæ та æндæр хъуыдыйыл хæст стьк йæ автор, дам, у Биаксис.

Мавзолей фæлæууыди XIX æнусы дæргъы. XIII æнусы зæххæнкъуыст æй тынг нæ бахъыгдардта, фæлæ йæ XV æнусы фехæлдтой родосаг рыцæртæ — йæ дуртæ йын фæластой Сыгъдæг Петры фидар аразгæйæ. XIX æнусы археологтæ ссардтой Мавзолейы баззайæццæгтæ. Уыдон ныр æфснайд сты Британийы музейы.