Гамкрелидзе, Реваз Валерианы фырт
Рева́з Валериа́ны фырт Гамкрели́дзе (райгуырдис 1927-æм азы 4 февралы Кутаисы) у советон æмæ уæрæсейаг ахуыргонд, математик. Советон Цæдисы Зонæдты академийы уæнг-корреспондент математикæйы хайады 1981-æм азæй, Уæрæсейы зонæдты академийы уæнг 2003-æм азæй, Гуырдзыстоны зонæдты академийы уæнг 1969-æм азæй[2].
Реваз Валерианы фырт Гамкрелидзе | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1927-æм азы 4 февралы (97 азы) кæнæ 1927[1] |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | топологи[d], вариацион хынцынад[d] æмæ дифференциалон æмбæрты теори[d] |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | физикон-математикон зонæдты доктор[d] |
Зонадон разамонæг | Лев Семёнович Понтрягин[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Йæ фыдыфыд уыд юрист, Кутаисы зындгонд адвокат. Фыд каст фæцис Тбилисы университет æмæ куыста чингуыты рауагъдады; репрессигонд æрцыдис 1924-æм æмæ ма 1937-æм азы. Ахуыргонды мад моймæ ацæуыны фæстæ бацыдис Тбилисы университеты литературон факультетмæ. Йе ’фсымæр Тамаз Гамкрелидзе сси зындгонд лингвист æмæ скæсæнзонæг.
Скъоладзау ма куы уыдис, Гамкрелидзе йæ хистæр æмбал Иотам Карцивадзеимæ ахуыр кодта уæлдæр математикæ Николай Мусхелешвилийы ахуыры чиныг «Аналитикон геометрийы курс», зæгъгæ, уымæ гæсгæ. 1945-æм азы бацыдис Тбилисы университетмæ, фæлæ фыццаг курсы фæста раивта Мæскуымæ, каст фæцис Мæскуыйы паддзахадон университеты механикон-математикон факультет (1950).
1953-æм азæй кусы Зонæдты академийы Математикон институты, 1953-æм азы бахъахъхъæдта йæ кандидатон диссертаци, 1960-æм азы та сси зонæдты доктор.
Гамкрелидзейы куыстытæй сæ фылдæр сты топологийы тыххæй, стæй та дифференциалон æмбæрты теори æмæ вариацион хынцынады тыххæй. Стыр бавæрд бахаста оптималон процессты теоримæ.
1962-æм азы Реваз Гамкрелидзе, Лев Понтрягин, Владимир Болтянский æмæ Евгений Мищенко райстой Ленины номыл преми оптималон процессты математикон теори сфæлдисыны тыххæй[3].
Библиографи
ивын- Математическая теория оптимальных процессов, 3 изд., М., 1976 (æд Л. С. Понтрягин, В. Г. Болтянский, Е. Ф. Мищенко);
- Основы оптимального управления, 2 изд., Тб., 1977.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Чешская национальная авторитетная база данных
- ↑ Академику Гамкрелидзе Ревазу Валериановичу — 85 лет!
- ↑ История открытия принципа максимума Понтрягина
Æддаг æрмæг
ивын- Уæрæсейы зонæдты академийы сайты фарс Реваза Валериановича Гамкрелидзе тыххæй
- История математики. Гамкрелидзе Реваз Валерианович
- Профиль на сайте mathnet.ru
- Интервью в сборнике «Мехматяне вспоминают» (сентябрь 2012)
- Гамкрелидзе Р. В. Открытие принципа максимума Понтрягина
- Труды Р. В. Гамкрелидзе на MathNet.Ru