Тбилисы паддзахадон университет

Иванэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университет (гуырдз. თბილისის ივანე ჯავახიშვილის სახელობის სახელმწიფო უნივერსიტეტი) у Гуырдзыстоны зæронддæр æмæ стырдæр уæлдæр ахуырады уагдон, зонад æмæ культурæйы ахсджиаг артдзæст. Кусы 1918-æм азæй.

Тбилисы паддзахадон университет

Истори

ивын

1917-æм азы сарæзтæуыд Тбилисы университетæн йæ бындур æвæрыны æхсæнад. Сæйрагдæр инициаторыл нымад у историк Иванэ Джавахишвили, æндæр хæппæрисджынты ’хсæн уыдысты скæсæнзонæг Георгий Ахвледиани, историк Шалва Нуцубидзе, психолог Дмитрий Узнадзе, лингвист Акакий Шанидзе.

Университет кусын байдыдта 1918-æм азы 26 январы (8 февралы), Бетъырбухы университет байгом кæнынæй 99 азы куы рацыдис, уæд. Уыцы иу бон ма уыд сыгъдæг гуырдзиаг паддзах Давид IV Аразæджы (1073—1125) мысæн бон. 1918-æм азы 30 январы Иване Джавахишвили бакасти йæ лекци рагон гуырдзиаг литературæйы тыххæй. Университеты фыццаг факультет уыдис философон. Бацæуæн экзаментæ нæ уыдысты, райстой-иу, кæй фæндыд, æппæт уыдæтты, чызджыты дæр (фыццаг абитуриенткæ уыд Медея Гамбашидзе[1]) — афтæмæй фыццаг студентты нымæц уыд 360 адæймаджы. Университеты фыццаг ректорæй равзæрстой химик Пётр Меликишвилийы.

Ректортæ

ивын
  1. Пётр Меликишвили (1918 азы январæй 1919 азы декабры онг)
  2. Иван Джавахишвили (1919 — 1926)
  3. Тевдоре Глонти (1926 — 1928)
  4. Малакия Торошелидзе (1928 — 1930)
  5. Иване Вашакмадзе (1930 азы январæй 1931 азы сентябры онг)
  6. Александр Еркомайшвили (1931 — 1932)
  7. Леван Агниашвили (1933 — 1935)
  8. Карло Орагвелидзе (1935 — 1937)
  9. Георгий Кикнадзе (1937 — 1938)
  10. Давид Кипшидзе (1938 — 1942)
  11. Александр Джанелидзе (1942 — 1945)
  12. Николоз Кецховели (1945 — 1953)
  13. Илья Векуа (1953 — 1953 æмæ 1966 — 1972)
  14. Ермил Бурчуладзе (1953 — 1954)
  15. Виктор Купрадзе (1954 — 1958)
  16. Георгий Дзоценидзе (1958 — 1959)
  17. Евгений Харадзе (1959 — 1966)
  18. Давид Чхиквишвили (1972 — 1980)
  19. Важа Окуджава (1980 — 1985)
  20. Нодар Амаглобели (1985 — 1991)
  21. Тамаз Гамкрелидзе (1991 — 1991)
  22. Отар Джапаридзе (1991 азы сентябрь æмæ октябрь)
  23. Роин Метревели (1991 — 2004)
  24. Русудан Лордкипанидзе (2004 — 2006)
  25. Георгий Хубуа (2006 — 2010)
  26. Александр Квиташвили (2010 — 2013)
  27. Владимир Папава (2013 — 2016)
  28. Дарежан Твалтвадзе (2016 азы апрелæй сентябры онг, бартæ æххæстгæнæг)
  29. Георгий Шервашидзе (2016 — ныры онг)

Æддаг æрмæг

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын