Гуырдзыстоны президент
Гуырдзыстоны президент (гуырдз. საქართველოს პრეზიდენტი) у Гуырдзыстоны паддзахады сæргълæууæг. Гуырдзыстон 2017-æм азæй у парламентон республикæ, æмæ йæ президент уæлдайдæр церемониалон хæстæ æххæст кæны, хицауады сæрдарæн фæлдæр хъомыс ис.
Президенты æвзарынц фондз азмæ (2018-24 азты — æхсæз азмæ), дыууæ æмгъуыдæй фылдæр президент уæвæн нæй.
Гуырдзыстон Советон Цæдисæй фæиппæрд 1991-æм азы 9 апрелы. Уыцы иу аз 27 майы фыццаг президенты æвзæрстыты фæстиуæгæн Гуырдзыстоны президент сси Звиад Гамсахурдия[1].
1991-æм азы декбры — 1992-æм азы январы бæстæйы сарæзтæуыд хæстон рафæлдæхт, уый фæстæ Гуырдзыстоны сæргъы слæууыд Эдуард Шеварднадзе, фæлæ президенты бынат 1995-æм афтид баззадис. 1995-æм азы 5 ноябры ног æвзæрстыты фæстиуæгæн Э. Шеварднадзе сси Гуырдзыстоны президент, ногæй йæ равзæрстой адæм 2000-æм азы 9 апрелы. Афтæ хуынд «уардиты революцийы» фæстæ Шеварднадзейы йе ’мгъуыды кæроны агъоммæ ацæуын бахъуыди.
2004-æм азы 4 январы Гуырдзыстоны цæрджытæ президентæй равзæрстой Михаил Саакашвили[2]. 2013-æм азы бæстæйы цыппар президент сси Георгий Маргвелашвили.
2018-æм азы 28 октябры æвзæрстытæ фæуæлахиз ис Саломе Зурабишвили[3].
Гуырдзыстоны ног конституцимæ гæсгæ (2017) паддзахад парламентон уагмæ куы рацæуы, уый тыххæй президенты æвзардзысты æппæт адæм нæ, фæлæ 300 æвзарæджы, се ’рдæг парламенты уæнгтæ уыдзысты, æндæр æрдæг та — регионты минæвæртæ.
Гуырдзыстоны президентты номхыгъд
ивын№ | Президент (годы жизни) |
Къам | Кæдæй куыста | Кæдмæ куыста | Фиппаинаг |
1 | Звиад Гамсахурдиа (1939—1993) |
14 апрелы 1991 | 31 декабры 1993 | Хицауиуæг нал кодта 1992 азы 6 январæй, мидхæсты аххосæй йæ бынатæй иппæрд æрцыд | |
2 | Эдуард Шеварднадзе (1928—2014) |
25 ноябры 1995 | 23 ноябры 2003 | Бæстæйы сæргълæууæг 1992 азы 10 мартъийыйæ | |
— | Нино Бурджанадзе (райг. 1964) |
23 ноябры 2003 | 25 январы 2004 | Парламенты сæрдар уæвгæйæ президенты хæстæ æххæст кодта æвзæрстыты онг | |
3 | Михаил Саакашвили (райг. 1967) |
25 январы 2004 | 25 ноября 2007 | ||
— | Нино Бурджанадзе (райг. 1964) |
25 ноября 2007 | 20 январы 2008 | Парламенты сæрдар уæвгæйæ президенты хæстæ æххæст кодта æвзæрстыты онг | |
3 | Михаил Саакашвили (райг. 1967) |
20 январы 2008 | 17 ноябры 2013 | ||
4 | Георгий Маргвелашвили (райг. 1969) |
17 ноябры 2013 | 16 декабры 2018 | ||
5 | Саломе Зурабишвили (райг. 1952) |
16 декабры 2018 | Ныры онг |
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ «Гамсахурдиа – Президент Грузии» Архивгонд æрцыдис 27 мартъийы 2017 азы. // Российская газета, 28 мая 1991 г.
- ↑ Саакашвили победил окончательно (уырыс.)
- ↑ Саломе Зурабишвили официально вступила в должность президента Грузии .
Æддаг æрмæг
ивын- Гуырдзыстоны президенты официалон сайт (гуырдз.)