Гамсахурдиа, Звиад
Звиад Константины фырт Гамсахурдиа кӕнӕ Гамсахурдия (гуырдз. ზვიად კონსტანტინეს ძე გამსახურდია; 31 мартъийы 1939 — 31 декабры 1993), диссидент, ахуыргонд æмæ фыссæг, Советон Цæдисы фехæлды фæстæ Гуырдзыстоны фыццаг президент. Уыцы бынатыл йæ раивта Эдуард Шеварднадзе.
Звиад Гамсахурдиа | |
---|---|
гуырдз. ზვიად კონსტანტინეს ძე გამსახურდია | |
1991-æм азы 14 апрелы — 1992-æм азы 6 январы | |
Райгуырдис |
1939-æм азы 31 мартъийы[1] |
Амардис |
1993-æм азы 31 декабры[2][1][…] (54 азы) |
Ныгæныны бынат | |
Гуырæн ном | гуырдз. ზვიად გამსახურდია |
Фыд |
Константин Гамсахурдия (1891—1975) |
Æмкъай | Мананæ Арчвадзе-Гамсахурдия[d] æмæ Дали Лолуа[d] |
Сывæллæттæ | Цотне Гамсахурдия[d] æмæ Константин Звиадович Гамсахурдия[d] |
Парти | |
Ахуырад | |
Ахуырадон къæпхæн | филологон зонæдты доктор[d] |
Дин | Гуырдзыстоны растуырнæг еклези[d] |
Къухæрфыст | |
Хорзæхтæ | |
Кæм куыста | |
Викикъæбицы медиа |
Карьерæйы райдайæн
ивынЙæ фыд Константин Гамсахурдиа (1883-1975) уыдис XX æнусы зындгонд гуырдзиаг фыссæг. Звиад сахуыр ис филологыл æмæ йæ профессионалон карьерæ райдыдта куыд тæлмацгæнæг æмæ литературон критик.
1955 азы Звиад Гамсахурдиа йе ’мбал Мераб Коставаимæ бындур æрæвæрдта сусæг къордæн æмæ йыл сæвæрдта ном Горгаслиани (афтæ хуындис рагон Гуырдзыстоны паддзæхты тырыса). Уыцы къорд хæлиу кодта хъусынгæнинæгтæ адæймаджы барты халыны цауты тыххæй.
1956 азы Гамсахурдиа ахст æрцыдис, советон русификацийы политикæйы ныхмæ Тбилисы цы демонстраци уыдис, уым. 1958 азы Гамсахурдиа ногæй æрцыдис ахст антикоммунистон литературæ æмæ прокламациты хæлиу кæныны тыххæй. Æхсæз мæйы арвыста психиатрион рынчындоны, уым ын радтой диагноз «психопат декомпенсациимæ».
Адæймаджы барты хъахъхъæныныл архайд æмæ ахæстон
ивын1972 азы коррупцийы ныхмæ кампанийы рæстæджы Гамсахурдиа сси номдзыд æмæ райста католикон дин Гуырдзыстоны православон еклезийы. Гамсахурдиа уыди адæймаджы барты хъахъхъæныны хъæппæрисджын къорды бындурæвæрджытæй иу (1973).
1974 азы Гамсахурдиа уыдис фыццаг ахæм гуырдзиаг, Æхсæнадæмон Амнистийы (Amnesty Internetional) уæнг чи ссис.
1976-æм азы уый сси Гуырдзыстоны Хельсинкийы къорды бындурæвæрджытæй иу. 1989-æм азы къордæн рардæуыд æндæр ном — Гуырдзыстоны Хельсинкийы цæдис. Уыцы адæймаджы бартыл организацийæн Гамсахурдиа уыд йæ сæрдар.
Гамсахурдиа уыд архайдмæ тынг разæнгард сусæг самиздатон рауадзджыты организациты, кæцытæ уагътой политикон периодон газеттæ. Се ’хсæн ахæмтæ: «Окрос сацими» («Сызгъæрин царм»), «Сакартвелос моамбе» («Гуырдзыстоны фидиуæг»), «Сакартвело» («Гуырдзыстон») æмæ «Матиан» («Уацфыст»). Архайдта, Мæскуыйы чи цыдис, уыцы периодон рауагъд «Ныртæккæйы цауты хроникæ»-йы (редактор Сергей Ковалев).
Йæ фæдыл йын кæй цыдысты йæ хъуыдыты тыххæй æмæ йæ хаттæй-хатт ахæстоны кæй кодтой, уымæ нæкæсгæйæ, Гамсахурдиа бирæ хæттыты аирвæзтис карз æфхæрдæй. Æвæццæгæн, уый уыдис йæ мыггаджы ахадындзинад æмæ йæ политикон бастдзинады фæрцы. Йæ амонд æй ахаста Хельсинкийы къорд Советон Цæдисы Леонид Брежневы хицауиуæджы лæмбынæг къуылымпы куы сси, уæд.
Уæд Советон Цæдисы уыди æппæтадæмон асырд адæмон бартыл активистты. Гуырдзыстоны хицауад, Эдуард Шеварднадзе Гуырдзыстоны коммунистон партийы фыццаг нымæрдар куы уыди, ахæстоны бакодтой Гамсахурдиайы æмæ йе ’мбал диссиденты Мераб Коставайы. Ацы дыууæ адæймагæн рахастой тæрхон — æртæ азы каторгæйы куыстыты æмæ æртæ азы бæстæйы фæсарæн арвыст антисоветон архайды тыххæй.
Уыдон ахæст йæхимæ æркæсын кодта æхсæнадæмон организацитæ æмæ хицауиуæггæнджыты, АИШ-ы Конгрессы сæргълæууæг 1976 азы рæгъмæ рахаста фæндон, цæмæй Гамсахурдиа æмæ Коставайы лæвæрд æрцыдаид Нобелы сабырдзинады преми. Костава уыд æрвыст Сыбырмæ, Гамсахурдиа та — Дагъистанмæ.
1979 азы июны Гамсахурдиа суæгъдæуыд ахæстæй æмæ амнисти конд, фæлæ йæ амнистийы уавæртæ сты гуырысхойаг, уый тыххæй æмæ ахæстоны уыди йе ’мгъуыдæй æрмæст дыууе азы. Коставa фæци ахæстоны 1987 азмæ.
Зонадон куыст
ивынÆвæццæгæн, фæуæлахиз уæвынмæ бæлгæйæ, Звиад йæ зонадон карьерæ дæр нæ уагъта. Уый уыди Гуырдзыстон литературæйы институты, Гуырдзыстоны зонæдты академимæ чи хауди, иртасджыты хистæр кусæг (уæнг) (1973-1977, 1985-1990), Гуырдзыстон паддзахадон университеты профессор (1973-1975, 1985-1990), Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы уæнг (1966-1977, 1985-1991), филологийы æппæт къабæзты уыдис философион зонæдты кандидат (1973) æмæ 1991-æм азы фæстæ зонæдты доктор.
Гамсахурдиа ныффыста бирæ зынгæ литературон уацмыстæ æмæ монографитæ; уый скодта бритайнаг, францаг æмæ америкаг литературæйæ тæлмацтæ. Уыдоны ’хсæн уыдысты: Шекспиры куыстытæ, Т. С. Элиоты куыстытæ, Бодлеры куыстытæ.
Гамсахурдиа уыди Шота Руставелийы сфæлдыстады зынгæ иртасæг æмæ ибераг-кавказаг культурæйы истори иртасæг.
Хæдбарады сæраппонд архайд
ивынСоветон разамонæг Михаил Горбачёв йæ æргом кæныны политикæ куы райдыдта, уæд Гамсахурдиа ахъазыд сæйраг роль дзыллон сæрибаргæнæн змæлдты аразыны Гуырдзыстоны (1987-1990 æзты), кæцыты йемæ цыди Мераб Костава. Мераб Коставайы рауагътой ахæстонæй 1987 азы. 1988 азы Гамсахурдиа сси Сыгъдæг Илиайы æхсæнады (Всегрузинское общество Святого Илии Праведного) бындурæвæрджытæй иу. Уыцы æхсæнад уыд динон æхсæнады æмæ политикон партиты комбинаци, кæцытæ систы Гамсахурдийæн йæхи политикон змæлды бындур. Иннæ азы Советон Цæдисы хотыхджын тыхтæ ныссæстой стыр демонстрацитæ, кæцытæ цыдысты 4-9 апрелы 1989 азы Тбилисы. Уыцы митæ сбæлвырд кодтой сæйраг цауты уæвын Советон Цæдисы хицауиуæджы дискредитаци бæстæйы мидæг.
Демократон реформæты размæцыд «сырæзыдис» æмæ фæкæны Гуырдзыстоны фыццаг демократон бирæпартион æвзæрстытæм, кæцытæ уыдысты царды уагъд 1990 28 октябры азы. Гамсахурдиайы æхсæнад, Гуырдзыстоны Хельсинкийы Цæдисы баиу ис оппозицион къордтимæ, цæмæй реформистон коалици, кæцыйыл ном уыд «Тымбыл фынг – Сæрибар Гуырдзыстон». Коалици фæуæлахиз ис, уый тыххæй æмæ ма Гуырдзыстоны коммунистон парти йæ 29,6% хъæлæстæ баиу кодта коалицийы 64% хъæлæстимæ. 1990 азы 14 ноябры Звиад Гамсахурдиа хъæлæсты фылдæрæй уыд æвзæрст Гуырдзыстоны Республикæйы Сæйраг Советы сæрдарæй.
Гуырдзыстон сарæзта референдум, цæмæй Советон Цæдисы агъоммæ сæм цы хæдбарад уыдис, уымæ ногæй æркæсой. Уыцы референдумы схъæлæсгæнджыты 90,08% йæ хорзыл банымадтой. Гуырдзыстоны парламент 1991-æм азы 9 апрелы райста хæдбарады деклараци Гуырдзыстоны паддзахады ногæй рацарæзтыл 1918-1921 æзты. Уымæ нæкæсгæйæ, уыцы декларацийыл Советон Цæдис не сразы ис, кæд æмæ бирæ фæсарæйнаг паддзахæдтæ сразы сты, уæддæр иумæйаг аргъ нæ райста иннæ азмæ. Гамсахурдиайы равзæрстой президентæй 26 майы 86,5% хъæлæстæй.
Президенты бынаты
ивынПрезидент куы сси, уæд Гамсахурдиа сæмбæлыдис бындурон экономикон æмæ политикон зындзинæдтимæ. Уыдоны аххосæгты æхсæн банымайæн ис Гуырдзыстон æмæ Советон Цæдисы бастдзинæдты фехæлд. Бындурон проблемæ уыди чысыл этникон къордты змæлд. Ног паддзахады мидæг нæгуырдзиæгтæ уыдысты æппæт цæрджыты 30%. Кæд къаддæр хайæдты къордтæ хæцыдысты Гуырдзыстоны раздæхтмæ демократимæ, фæлæ 1990 азы октябры æвзæрстыты сæ бæрнлæгтæй уыд æрмæст 9 адæймаджы 245 депутатæй, æмæ сæ бæрнлæгтæ нæ уыдысты гуырдзиæгтæ.
Гуырдзыстоны хæдбарады размæ дæр националон къаддæр хайæдты позици уыд дайуаг æмæ æрбакодта æхсæнэтникон тыхдзинæдтæм Абхазы 1989-æм азы. Гуырдзиаг националисттæй кацыдæртæ хайджын уыдысты кампанийы девиз «Гуырдзыстон — гуырдзиæгтæн», кæцыйыл хæцыди Гамсахурдиа дæр. Кæмæдæр афтæ касти æмæ девизы нысаниуæг уыд æнæхъыгдаргæ æмæ йæ нысан уыд Советон Цæдисы уæлахиз æмæ гуырдзыйы русификаци кæронмæ æрхæццæ и. Иннæтæ йæ пайда кодтой цæмæй регионты, кæцыты къаддæр адæмыхаттытæ цардысты, сæ автономон статус аивой. Экстремисттæй ма кæцыдæртæ домдтой къаддæр адæмты æххæст тард.
Девиз æмæ уый хуызæн гыццыл къордты æхсæн сайдтой азар æмæ хæццæдзинад. Гыццыл къордты националисттæ дзуапп дæтгæйæ домдтой этникон цæрмыстыгъдты иугонд уæрæсейаг арæны дæргъмæ, кæнæ æххæст хæдбарад. Иннæ Советон республикæтæ лæууыдысты æмхуызон æхсæнэтникон зындзинæдты раз, уæлдайдæр уырыссаг гыццыл къордтæ Латвийы, Эстони æмæ Молдавийы, æмæ ма сомихаг гыццыл къордтæ Азербайджаны. Фæстæдæр, уыцы дыууыæ хабары æрбакодтой тохмæ. Цалынмæ уыдысты ахастмæ гæсгæ æмбæлгæ ахæтытæ бирæ гыццыл къордты æхсæн, уый арæх пайда кодтой бынæттон æмæ фæсарæйнаг цæстдарджытæ, æмæ сæ тыхтæ Мæскуыйы æмбаргæйæ пайда кодтой уыцы тынгад раздæры Советон республикæты хæдбарад халынмæ.
1989-æм азы Хуссар Ирыстоны автономон облæсты ныгуыпп кодтой карз змæстытæ гуырдзиаг æмæ ирон цæрджыты ’хсæн. Ирæттæ домдтой цæмæй Хуссар Ирыстоны сын сæ бартæ бахъахъхъæныны тыххæй уæлдæр ном радтой, суæлдæр кæной облæст автономон республикæйы онг ГССР-ы мидæг. Фæлæ Гамсахурдиа æмæ Гуырдзыстоны парламент, никæй бафæрсгæйæ, æнæзакъонæй байстой облæсты ном дæр, зæгъгæ, «Мах ирæтты гуырдзиаг цъылынæй Ручъы тъунелыл уырысырдæм асæрфдзыстæм». Тагъд рæстæджы тугкалд дæр æруагътой Хуссар Ирыстоны зæххыл. Ирæтты сæ фылдæр фæсырдтой æрмæст Хуссар Ирыстонæй нæ, фæлæ Гуырдзыстоны мидæггаг районтæй дæр. Уыцы миты фæстæ Хуссар Ирыстоныл æндæр бон нæ уыд, æмæ уæд Хуссар Ирыстоны паддзахад расидта, Хуссар Ирыстон Гуырдзыстонæй кæй ахицæн ис æмæ Цæгат Ирыстонимæ кæй иу кæны, уый.
Æддаг æрмæг
ивын- Lenta.ru: Гамсахурдиайы тыххæй факттæ
- Гамсахурдиайы лекци (1990-æм азы 9 майы) Архивгонд æрцыдис 25 декабры 2005 азы. (уырыссаг текст)
- Гамсахурдиайы гом фыстæг Шеварднадземæ (1992-æм азы 19 апрелы; англисаг тæлмац)
- Гуырдзыстоны журналистты гом фыстæг Гамсахурдиамæ Архивгонд æрцыдис 15 мартъийы 2007 азы. (1993 аз; уырыссагау)
- Гамсахурдиайы тыххæй мысæн фарс (звиадистон цæстæнгасæй; англисагау)
- Abkhaziya.org: взлёт и падение Звиада Гамсахурдия Архивгонд æрцыдис 9 февралы 2006 азы.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Zvijad Gamsahurdia // Proleksis enciklopedija, Opća i nacionalna enciklopedija (хорв.) — 2009.
- ↑ Swiad Gamsachurdia // Брокгаузы энциклопеди (нем.)