Гуыриаты Тамерлан
Гуыриаты Алыксандры фырт Тамерлан (1929 — 2016) уыдис филологон зонӕдты доктор, профессор, Уæрæсейы зонӕдты сгуыхт архайæг.
Гуыриаты Тамерлан | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1929 |
Райгуырæны бынат | Мæздæджы район |
Мæлæты датæ | 2016 |
Ахуырадон ном | филологон зонӕдты доктор |
Цардафыст
ивынГуыриаты Алыксандры фырт Тамерлан райгуырдис 1929-æм азы 3 январы Мæздæджы районы.[1]
1949-æм азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты фæсарæйнаг æвзæгты факультет æмæ кусын райдыдта англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй.
Бирæ азты дæргъы уыди Советон Цæдисы Сабырдзинад хъахъхъæныны комитеты Цæгат Ирыстоны хайады разамонæджы хæдивæг, уыд æхсæнад «Советон Цæдис-Инди»-йы вице-президент.[2]