Гэлаг лигæ (Conradh na Gaeilge, хъуысы афтæ: [ˈkɔnˠɾˠə nə ˈgeːlʲɟə], англ. The Gaelic League), зæгъгæ, афтæ хуындæуыдис уыцы организаци, йæ нысан кæмæн уыдис «Ирландийы кæуыл дзурынц, уыцы ирландиаг æвзаг бахъахъхъæнын».

Гэлаг лигæ
Локаци
Организацийы тип культурон институт[d] æмæ æнæкоммерцион организации[d]
Бындурæвæрджытæ Дуглас Хайд[d]
Бындурæвæрд
Бындурæвæрды датæ 1893
Æрзылд
  • 2,33 млн € (2022)
Сайт cnag.ie/en/home.html
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Гэлаг лигæ бындурæвæрд æрцыдис 1893-æм азы 31 июлы Дуглас Хайдæй (Douglas Hyde, ирл. Dubhghlas de hÍde). Дуглас Хайд уыдис протестант Френчпаркæй (Frenchpark), Ирландийы графæдтæй иуы.

Лигæйы уæнгтæ чи уыдис, уыцы интеллегенттæ-националисттæ фыццаг хатт райдыдтой уадзын литературæ æмæ газеттæ ирландиаг æвзагыл, æрæвæрдтой бындур «ирландиаг» скъолатæн, гом кодтой кæфтыты сæрмагонд курсытæ. Лигæйы фыццаг газет хуындис «Рухсы цирхъ» (An Claidheamh Soluis).

Лигæйы æххуысы руаджы арæзт æрцыдис Ирландийы Национ университет (1909). Ахуырдоны сконды уыдис Кельтаг археологи, Ирландийы истори, ирландиаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæтæ.