Далгат, Эльмирæ Муртазалийы чызг
Далгат Муртазалийы чызг Эльмирæ (райгуырдис 1951-æм азы Дагъистаны Урахийы хъæуы) — уæрæсейаг историк-кавказиртасæг. Историон зонæдты доктор, профессор, Уæрæсейы зонæдты академийы истори, археологи æмæ этнографийы центры сæргълæууæг. Дагъистаны зонæдты сгуыхт кусæг.
Эльмирæ Муртазалийы чызг Далгат | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1951-æм азы 17 февралы (73 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | историон зонæдты доктор[d] |
Зонадон разамонæг | Владимир Васильевич Мавродин[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Цардафыст
ивынЭльмирæ Далгат райгуырд Дагъистаны æмæ РСФСР-ы сгуыхт ахуыргæнæг, Далгат Алибечы фырт Магометы бинонтæм. Бавæййы хъуыстгонд паддзахадон æмæ партион архайæг, Дагъистаны ВКПб-йы обкомы фыццаг нымæрдар, ДагъЦИК-ы сæргълæууæг Далгат Алибечы фырт Муртазалиййæн — у йæ ’фсымæры зæнæг.
Урахийаг хъуыстгонд Далгатты хæдзарвæндаджы минæвар.
1958-æм азы бинонтæ раивтой Сергокалайы хъæумæ, уым Эльмирæ бацыд Омарл Барыайы номыл фыццæгæм скъоламæ æмæ йæ каст фæцис 1968-æм азы зæрин майданимæ.
1969-æм азы бацыд Дагъистаны паддзахадон университеты историон факультетмæ, 1972-æм азы та йæ, ахуырадон æнтыстыты тыххæй, раивтой Ленинграды паддзахадон университеты историон факультетмæ. 1974-æм азы Ленинграды университеты историон факультеты курс сырх дипломимæ каст фæцис.
1974-1978-æм æзты профессор Мавродин В.В-йы кафедрæйы аспирант. 1978-æм азæй — историон зонæдты доктор. Йæ диссертацийы темæ: «Дагъистаны аграрон змæлд дыууæ революцийы астæу»[1].
1978-æм азæй 2004-æм азы онг къæпхæнгай — кæстæр æмæ хистæр зонадон æмкусæг; фыццаг ССРЦ-йы Зонæдты академийы дагъистайнаг филиалы, стæй та Дагъистайнаг федералон иртасæн центры.
2000-æм азæй — историон зонæдты доктор. Диссертацийы темæ: «Дагъистаны зæххкусджытæ XIX—XX æнусты гæрæныл. Социалон-экономикон райрæзты проблемæтæ»[2].
2004-æм азы йæ равзæрстой ДНЦ УЗА Дагъистаны историйы центры сæргълæууæгæй. Ацы центр у Истори, архелологи æмæ этнографийы институты зонадон дæлхайад, кусынц дзы зонæдты доктортæ — дæс, историон зонæдты доктортæм кандидаттæ та фараст.
Фæстаг азты Далгат иртасы XIX æнусы дыккаг хайы дагъистайнаг сахарты райрæзты проблематикæ. Уыцы центртæ стыр бавæрæн бахастой капиталистон æмахæстыты байтынгмæ, уыдысты культурæ æмæ индустриалон райтынджы джиртæ — æмæ уымæй дагъистайнаг æхсæнады уæлцъарыл зынгæ фæдтæ ныууагътой.
Далгат у 90 зонадон куысты автор, уыдоны астæу — 6 монографийы.
Йæ бæрны ис аспирантты бацæттæкæнынад, консультацитæ дæтты докторанттæн, ДПУ-йы историкон æмæ скæсæниртасæг студенттæн кæсы сæрмагонд курсытæ. Уацты æмбырдгонд «Дагъистаны историйы фарстатæ» сты йæ бæрнон редакцийы.
Историон зонæдты райтынджы æмæ дæргъвæтин цæсгомджын архайды тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд ҄Дагъистаны Республикæйы зонады сгуыхт кусæджы номæй.