Дарданеллтæ
(Дарданеллæтæ-æй æрвыст)
Дардане́ллтæ (раздæры ном: Геллеспонт; тур. Çanakkale boğazi) у донкъубал Европæйы æрдæгсакъадах Галлиполи (Турк) æмæ Чысыл Азийы цæгат-ныгуылæны ’хсæн.
Дарданеллтæ | |
---|---|
тур. Çanakkale Boğazı | |
Характеристикæ | |
Уæрх | 1,3—27 км |
Дæргъ | 60 км |
Стырдæр арф | 153 м |
Ран | |
40°13′06″ с. ш. 26°27′29″ в. д.HGЯO | |
Бæтты | Эгейы денджыз, Мармæр денджыз |
Бæстæ | |
Викикъæбицы медиа |
Донкъубал бæтты Эгейы æмæ Мармæр денджызтæ, Босфоримæ иумæ та бæттынц Эгейы æмæ Сау денджызтæ.
Донкъубалы дæргъ у 65 км, уæрх та — 1,3–6 км. Рæстæмбис æрфад у 50 метры.
1841-æм азы бадзырдмæ гæсгæ Турчы æфсæддон наутæн уыди Дарданеллтыл цæуыны бар. Фыццаг Дунеон хæсты рæстæг, стратегион æгъдауæй ахсджиаг чи уыди, уыцы Дарданеллты сæраппонд уыди карз хæстæмбæлдтытæ Турк æмæ Антантæйы ’хсæн.