Сау денджыз кæнæ Сау фурд[1], нарты кадджыты вариант: Саденджыз, дыгур. Сауфорд[2] (абх. Амшын Еиқәа, болг. Черно море, гуырдз. შავი ზღვა, рум. Marea Neagră, уырыс. Чёрное море, тур. Karadeniz, укр. Чорне море) у, йæ алыварс сурзæхх кæмæн ис, ахæм денджыз.

Сау денджыз
уырыс. Чёрное море, болг. Черно море, укр. Чорне море, рум. Marea Neagră, тур. Karadeniz, гуырдз. შავი ზღვა, абх. Амшын Еиқәа, грекъ. Μαύρη Θάλασσα
Характеристикæ
Фæзуат422 000 км²
Гуырахст555 000 км³
Донбылы дæргъ3400 км
Стырдæр арф2210 м
Астæуккаг арф1240 м
Ран
43°17′49″ с. ш. 34°01′46″ в. д.HGЯO
Европæ
Сау денджыз
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сау денджызы былтыл æрбынат кодтой мæнæ ахæм паддзахæдтæ:

Денджызы фæзуат у 422 000 км², йæ арфдæр бынаты æрфад та у 2210 м.

Порттæ: Батум, Бургас, Варнæ, Стамбул, Керчь, Констанцæ, Новороссийск, Одессæ, Поти, Севастополь, Сочи, Сухум, Ялтæ.

Денджызмæ цы цæугæдæттæ æфтынц, уыдонæй стырдæр сты Дунай (Донай), Днепр æмæ Днестр.

Сау денджызы, 150 метры арфдæр æмвæзадыл дон у сондонгуыр хъæстæ. Уый тыххæй дзы æрфдойнаг цæрæгойтæ нæ цæрынц.

Сау денджызы былтыл, уæлдайдæр Болгари, Уæрæсе æмæ Украинæйы, ис популярон улæфæн бынæттæ.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Tybylty A. Xussar Irystony folklor. Stalinir: Xussar Irystony padcaxadon rauahdad, 1936
  2. Тахъазты Фидар. Дыгурон-уырыссаг дзырдуат — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 2003.