Дауырæ
Дауырæ, йе ’цæг ном у Сланты Никъалайы чызг Зоя (райгуырдис 1935-æм азы Хъобаны — амардис 2020-æм азы) у ирон поэтессæ æмæ фыссæг.
Дауырæ | |
---|---|
Гуырæн ном | Сланты Никъалайы чызг Зоя |
Райгуырды датæ | 1935-æм азы 20 июны |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2020-æм азы 21 майы (84 азы) |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэтессæ, фыссæг, фольклорист |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Цардафыст
ивынДауырæ райгуырди Хъобаны. Каст фæци сæ хъæуы астæуккаг скъола, Мæскуыйы Щукины номыл уæлдæр театралон училище, Театралон аивады паддзахадон Уæлдæр режиссёрон курсытæ æмæ «Цæдисмультфильм»-ы студийы режиссёр-мультипликаторты хайад. Куыста Ирон театры актрисæйæ, сывæллæтты театр «Саби»-йы режиссёрæй, Цæгат Ирыстоны телеуынæны режиссерёй.
1989-æм азы Дауырæ сарæзта æхсæнад «Хæзнадон», иудадзыг пропагандæ кæны ирон æвзаг, фольклор æмæ литературæ.
Дзырдаивады фæндагыл æрлæууыди 1986 азы. Фыссы æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ. Рауагъта цалдæр чиныджы. Сæ зынгæдæртæ: «Сæдæйысæр» (Дзæуджыхъæу, 2000), «Мæ чысыл хуртæн» (Дзæуджыхъæу, 2002), «Азæлд» (Дзæуджыхъæу, 2003).[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012