Джозеф Уортоны номыл хъæды æрдзæвæрæн

Джозеф Уортоны номыл хъæды æрдзæвæрæн (англ. Wharton State Forest) у æрдзæвæрæн АИШ-ы, штат Нью-Джерсийы. Йæ фæзуат у 465 кв. километрмæ æввахс, æмæ у ацы штаты стырдæр æрдзæвæрæн. Æрбынат кодта регион Пайн-Бэрренсы (Пайнлэндс), Хэммонтоны сахармæ цæгат-ныгуылæнырдыгæй, æртæ графады территорийыл: Берлингтон, Кэмден æмæ Атлантик-Каунти. Æрдзæвæрæны фылдæр хай æвæрд ис, Грэйт-Бэйы бакæлæнмæ чи кæлы, уыцы цæугæдон Малликæйы донæмбырдгæнæны зонæйы.

Æрдзæвæрæн (Нью-Джерси)
Æрдзæвæрæн
Æрдзæвæрæн Нью-Джерсийы картæйыл

Æрдзæвæрæны территорийыл æрбынат кодта музей Бэтстоу-Виллидж (англ. Batsto village), уый раздæр уыди æфсæйнаг æмæ авг кæныны завод (куыста 17661867 азты). Фистæг маршрут Батона-Трэйл (англ. BATONA trail) фылдæр хай цæуы æрдзæвæрæны зæххыл. Цæгаты маршрут бæтты æрдзæвæрæн Брендан Бёрн Стэйт Форест-имæ, хуссары та — Басс-Ривер Стэйт Форест-имæ.

Æрдзæвæрæн хæссы бизнесмен æмæ филантроп Джозеф Уортоны ном. Уый XIX æнусы балхæдта, ныртæккæ æрдзæвæрæн цы зæххытæ ахсы, уыдоны фылдæр хай. Уортон хъавыди Филадельфи ифтонг кæнын, йе ’лхæд зæххы цы дæлдзæх суадæттæ ис, уыдоны донæй, фæлæ штат Нью-Джерсийы сенат сфидар кодта, штаты æдде дон ласын чи нæ уагъта, ахæм закъæттæ. 1850-æм азты штат Нью-Джерси балхæдта уыцы зæхх Уортоны бындартæй æрдзæвæрæн дзы скæнынæн. Æрдзæвæрæн тынг ахады регионы гидрологийы.