Джуаншер Джуаншериани

Джуаншер Джуаншериани (гуырдз. ჯუანშერ ჯუანშერიანი) уыдис XI æнусы (кæнæ, иуæй-иу иртасджытæм гæсгæ, VIII æнусы) цæрæг гуырдзиаг азгай уацфыссæг æмæ ерыстау. Тумановмæ гæсгæ цардис VIII æнусы æмæ баст уыдис Иберийы Хосроидты династиимæ, кæцытæ хицауиуæг кодтой нырыккон Мидæггаг Картли æмæ Къахеты зæххыл.

Цалдæр иртасджытæм гæсгæ уый уыдис Арчилы æфсымары чызджы мой, æмæ «Картлис цховребайы» иу хайæн, «Вахтанг Горгасалийы цард»-æн, йæ автор. «Вахтанг Горгасалийы цард» афыссы Иберийы истори Вахтанг Горгасалийы хицауиуæджы рæстæгæй (V æнус) суанг Арчилы рæстæджы онг (VIII æнус). Æндæр иртасджытæ та ацы хъуыдыимæ разы не сты, æмæ зæгъынц, уыцы куысты сæйраг хæйттæ ныффыста XI æнусы цæрæг Леонти Мровели; куысты æндæр хæйтты авторы та æрæхдæр хонынц псевдо-Джуаншерæй.[1][2][3]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Toumanoff, Cyril (1963). Studies in Christian Caucasian History, pp. 24, 25, 254.
  2. Rapp, Jr, Stephen H. (2014). The Sasanian World through Georgian Eyes. Caucasia and the Iranian Commonwealth in Late Antique Georgian Literature.
  3. Rapp, Stephen H. (2003), Studies In Medieval Georgian Historiography: Early Texts And Eurasian Contexts, p. 240. Peeters Bvba