Къахет
Къахет (гуырдз. კახეთი [kʼɑxɛtʰi]) у административон регион æмæ историон бæстæ Скæсæн Гуырдзыстоны, Иор æмæ Алазаны доны уæлкæлæнтты. Йæ сæйраг сахар у Телау.
Регион | |
Къахет | |
---|---|
гуырдз. კახეთის მხარე | |
41°45′00″ с. ш. 45°43′00″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Гуырдзыстон |
Админ. центр | Телау |
Сæргълæууæг | Гиорги Аладашвили[d] |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрды датæ | 1995 |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | +4 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ |
|
Цифрон идентификатортæ | |
Код ISO 3166-2 | GE-KA |
Официалон сайт(гуырдз.)(англ.) | |
Викикъæбицы медиа |
Истори
ивынVIII æнусы онг уыди Картлийы паддзахады. XIII æнусæй бацыд Гуырдзыйы паддзахадмæ. XV æнусы дыккаг æрдæгæй уым равзæрди Къахеты паддзахад. 1762-æм азæй уыди Картли-Къахеты паддзахады. 1801-æм азы бацыд Уæрæсейы империмæ.
Цæрджытæ
ивынЦæрынц дзы гуырдзиæгтæ, ирæттæ, цæцæйнæгтæ, азербайджайнæгтæ æмæ æндæр адæмыхаттытæ. Къахеты дыууæ хъæуы — Ульяновкæ æмæ Свободное — цæрынц Гуырдзыстоны малакантæй фылдæр хай[1].
Къахеты чысылдæр адæмтæ арæх хъаст кæнынц, уыдонмæ паддзахад æмæ сæ алфамбылай цæрджытæ хъомыс кæй дарынц, уый тыххæй[2][3].
Экономикæ
ивынХъæууон хæдзарад
ивынКъахеты экономикæйы ахсджиагдæр къабаз у хъæууон хæдзарад. Уый у бынæттон цæрджыты æфтиæгты сæйраг гуырæн[4]. Хъæууон хæдзарад бынæттон индустримæ дæтты хомаг дæр.
Къахет радихгæнæн ис дыууæ физикон-географион регионыл:
- Мидæггаг Къахет (гуырдз. შიდა კახეთი) — размæцыд къабæзты дзы сты сæнæфсиргуыст, хоры культурæтæ, дыргъгуыст æмæ фосдарын Алазаны комы.
- Æддаг Къахет (гуырдз. გარე კახეთი) — уым дæр иуæй-иу ран кæнынц сæнæфсир æмæ дыргъты куыст, садзынц æхсынæн (сонхура), мæнæу æмæ нартхор Иорийы цæугæдоны былтыл.
Хъæууон хæдзарады сæйраг къабаз у сæнæфсиры æмæ сæндуцыны куыст. Гуырдзыстоны æппæт сæнæфсирдæтты фæзуатæй йе ’рдæг у Къахеты сæнæфсидæттæ[4]. Æрвылаз Къахеты æмбырд кæнынц сæнæфсир 120—150 мин тоннæйы.
Къахеты регионы ма садзынц мæнæу, нартхор æмæ хъæбæрхор. Афæдзмæ сæ иумæйаг тыллæг у 120—160 мин тоннæйы. Сонхурайы тыллæджы фылдæр хай æмбырд кæнынц Дедоплисцкаройы районы.
Къахеты хорз рæгъæд кæнынц алтъами, чылауи, æрыскъæф æмæ æндæр дыргътæ. Аслам дыргътæ сты дыргъгуысты индустрийы бындур.
Регионы ис хорз хизæнуæттæ дæр.
Транспорт
ивынКъахеты ис дыууæ сæйраг транспортон магистралы: æфсæнвæндаг æмæ автомобилон фæндаг. Уыдон цæуынц Гуырдзыстоны центрæй Азербайджанмæ. Паддзахадон нысаниуæджы фæндæгты дæргъ у 580 километры. Паддзахæдты ’хсæн чи цæуынц, ахæм фæндæгты дæргъ у 120 км. Афсæнвæндаджы дæргъ у 150 км.
Уыимæ ма Къахеты ис 6 аэродромы, фæлæ уыдонæй кусы æрмæст иу — Телауы чи у, уый.
Электрон тых
ивынРегионы алы цæрæнуæты дæр ис электрон тых, æхсæв-бонæй. Иу боны дæргъы исынц 18-20 мегаватты.
Къахеты кусынц цыппар гидроэлектростанцæйы. Уыдонæй ногдæр æмæ стырдæр у Хадоры ГЭС, йæ генераци у 25 мегаватты бæрц. Хадоры гидроэлектростанцæ скуыста 2004-æм азы китайаг инвестициты фæрцы[5].
Административон дих
ивынМуниципалитет | Фæзуат, км² | Цæрджытæ (2002) | Цæрджытæ (2014)[6] | Цæрджытæ (2018) | Административон центр |
---|---|---|---|---|---|
Ахметъайы | 2207 | 41 641 | 31 461 | 30 193 | Ахметъа |
Гурджааны | 846 | 72 618 | 54 337 | 53 104 | Гурджаан |
Дедоплисцъхъаройы | 2529 | 30 811 | 21 221 | 21 069 | Дедоплисцъхъаро |
Лагодехы | 890 | 51 066 | 41 678 | 41 402 | Лагодех |
Сагареджойы | 1491 | 59 212 | 51 761 | 52 251 | Сагареджо |
Сигънахы | 1252 | 43 587 | 29 948 | 29 724 | Сигънах |
Телауы | 1095 | 70 589 | 58 350 | 56 663 | Телау |
Хъуарелы | 1001 | 37 658 | 29 827 | 30 275 | Хъуарел |
Сахартæ æмæ хъæутæ
ивынКъахеты ис 10 сахары:
Кæс ноджы
ивынÆддаг æрмæг
ивын- Къахеты администрацийы сайт (гуырдз.), (англ.)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Благовест-Инфо. 25.02.2009
- ↑ Сегодня.ру. В Грузии новый приступ шовинистической истерики (уырыс.)
- ↑ Day.Az: Дашгын Гюльмамедов: «Преступный и шовинистический режим Саакашвили всячески пытается скрыть следы «тихого геноцида» азербайджанцев» (уырыс.)
- ↑ 4,0 4,1 Къахеты администрацийы сайт. Kakheti Region. Economy Архивгонд æрцыдис 21 июлы 2011 азы. (англ.)
- ↑ РИА Новости. Саакашвили открыл ГЭС в Панкисском ущелье, построенную на китайские деньги Архивгонд æрцыдис 20 январы 2016 азы. (уырыс.)
- ↑ Итоги переписи населения Грузии 2014 года (2014 General Population Census Main Results General Information). 2014 GENERAL POPULATION CENSUS RESULTS(англ.)(недоступная ссылка). Национальная статистическая служба Грузии. Датæ: 2016-æм азы 28 апрелы. Архив 2016-æм азы 8 августы.