Дзæм-дзæм, Дзæм-дзæмы дон (арабб. زمزم‎‎) у, Меккæйы сахары мæзджыт аль-Хæрамы территорийыл чи ис, уыцы цъай. Таурæгъмæ гæсгæ ацы суадон Измаилы мад Хаджарæн (Агарæн) бацамыдта архангел Гавриил.

Дзæм-дзæмы дон ирон таурæгъты

ивын

Дзæм-дзæмы доны кой ис ирон таурæгъты дæр.

 

Хонынц ма йæ Дзæм-дзæмы суадон дæр. Æвæццæгæн, дзы алкæмæн нуазыны бар нæй. Марды уæлхъус ныхасгæнæг хуымæтæджы нæ фæзæгъы: „Дзæнæты суадонæй дын нуазыны бар уæд“. Фылдæр — сывæллон кæнæ æрыгоны тыххæй.

 

Литературæ

ивын

Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005