Дзаболаты Дударыхъойы фырт Хазби (1931-æм азы 16 апрелы, Цæгат Ирыстоны Алагиры районы Ногхъæу — амардис 1969-æм азы 28 январы) уыдис ирон поэт.

Дзаболаты Хазби
Райгуырды датæ 1931-æм азы 16 апрелы(1931-04-16)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1969-æм азы 28 январы(1969-01-28) (37 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Цардафыст ивын

Каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола. 1951–1954 азты службæ кодта Советон Æфсады, демобилизацийы фæстæ 1956-æм азы онг куыста геологон-сгарæн къорды Садоны, 1956-æм азæй 1960-æм азы онг та уыдис Буроны æрзæткъахæны шахтёр.

1960-æм азы Дзаболы-фырт бацыдис Горькийы номыл Литературон институтмæ. Каст æй фæцис 1965-æм азы.

Амардис Дзаболаты Хазби трагикон хуызы 1969-æм азы 28 январы.

Сфæлдыстад ивын

Поэты уацмысты фыццаг æмбырдгонд «Хæс» рацыдис 1960-æм азы. Дзаболаты Хазби литературæмæ куы æрбацыдис, уæдмæ йæм уыдис уæнгдыхæй фæллойгæнæджы стыр фæлтæрддзинад, æмæ уымæн йæ фыццаг чиныджы стыр бынат бацахста фæллойы темæ, æрзæткъахджытæ æмæ геологты куыст. Йæ дыккаг æмбырдгонд «Артдзæст» рацыдис 1963-æм азы. Йæ чиныджы сæйраг мотивтæ сты адæймаджы уды сыгъдæгдзинад, уарзт, хæс. 1967-æм азы мыхуырæй рацыдис поэты ног чиныг «Къахуынæр».

Фыссæг Хъодзаты Æхсар ахæм аргъ скодта Хазбийы сфæлдыстадæн[1]:

 

Хазби литературæйы фыццаг къахдзæфтæ кæнын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ архайдта литературон штампæй йæхи хизыныл, уыд «хæдуæз, зæрдæйæ ист дзырды фарс». Зæрдæ цы зарæджы ис, æрмæстдæр уый ссардзæни фæндаг чиныгкæсæгмæ — ахæм хъуыдыйыл хæст уыди поэт. Хъуыды йæхæдæг ног нæу, фæлæ йæ Хазби æххæст кодта хъуыддагæй. Йæ поэзийы ахсджиагдæр миниуджытæй ма иу уый у, æмæ дзы мырты азæлдæн стыр нысаниуæг кæй ис. Дзаболы-фырт арæхстджынæй пайда кодта ирон дзырды парахат авналæнтæй, бауагъта дзы-иу ног тых, йæ уды цардцыбæл монцты руаджы-иу мард дзырдтæ раудæгас сты. «Нæ литературон фыдæлтæ... никуы кодтой цæстмæфыстытæ, цæстмæныхæстæ, сæ дзырды уыди стыр уæз, стыр фарн, адæмы æхсæн уыдысты нымаддæр лæгтæ», — фыста поэт. Æмæ йæхæдæг дæр йе ’рдзон курдиаты, йæ удуæлдай куысты руаджы æфтуан бакодта нæртон фыдæлты фарнмæ.

 

Хазби ма тæлмац кодта зындгонд уырыссаг æмæ советон поэтты æмдзæвгæтæ.

Хазбийы æмдзæвгæ ивын

Сылгоймаг
Æрбахызт хъазты фæзмæ худгæ
Æмæ цырен хъæрахст фæдæлдзæх,
Æваст æмдзæгъдгæнæг лæппутæ
Къуыхцытæй райдыдтой мæнгæмдзæгъд...
Тырныдтой рохбаст риутæ размæ,
Дымстæй хъæрзыдта къаба рындзыл...
Къуызæгау усджын лæгтæ фарстой:
«Цымæ кæй чызг у уый... кæй чындз у?..»

Фиппаинæгтæ ивын

  1. журнал «Мах дуг», 2005, №10