Дзанайты Иван
Дзанайты Уасилы фырт Иван (Нигер) райгуырдис 1896-æм азы, ноябры 2-æм бон Туалгомы Сындзысæр, зæгъгæ, чысыл хæххон хъæуы. «Мæхицæн амал не ’рцыд, фæлæ мæ фыртæн куырмæй ныууадзæн нал ис, — скарста Уасил, — фæлтау дыууæйы бæсты дæр кусдзынæн». Лæппуйыл 8 азы куы рацыд, уæд æй радтой Нары приходы скъоламæ. Æвзыгъд æмæ зæрдæргъæвд саби фыццаг бонтæй фæстæмæ дзæбæх ахуыр кæнын райдыдта.
Дзанайты Иван | |
---|---|
Фæсномыгтæ | Нигер |
Райгуырды датæ | 1898-æм азы 2 ноябры кæнæ 1896[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1947-æм азы 3 майы кæнæ 1947[1][2][…] |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг, поэт |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Хорзæхтæ |
Дзанайты Иван йæ сабибонтæ арвыста хæхбæсты. Хæххон æвадат царды нывтæ: хæххон æрдзы романтикон карз хуыз, йæ зæйтæ æмæ йæ сахатæ, дурджын хуымтæ æмæ бæрзонд хизæн фæзтæ, нарæг фыд фæндæгтæ, хæххон ныхас йæ цин æмæ йæ сагъæстимæ — адон арф бынат æрцахстой йæ сабийы зæрдæйы æмæ дзы нал рахызтысты, суанг йæ лæджы кармæ куы бацыд, зынгæ поэт куы ссис, уыцы бонтæм дæр.
Нары скъолайы фæстæ 1909 азы Иван ахуыр кæнын райдыдта Дзæуджыхъæуы дины скъолайы 1-æм къласы.
Скъола каст фæцис 1913 азы æмæ уыцы аз бацыдис Æрыдоны семинармæ.
Æрыдоны семинары сæвзæрдис ирон литературон къорд. Уыцы къорд уагъта къухфыст литературон журнал «Фидиуæг». Дзанайты Иван уыцы журналы фыста радзырдтæ, æмдзæвгæтæ æмæ статьятæ. Журнал сусæгæй уагъд цыдис, æмæ уацмысты бын фыстой сусæг нæмттæ — псевдонимтæ. Иванæн уыдис цалдæр сусæг номы: Ололи, Сау лæппу, Нигер. Уыдонæй иу — Нигер — фæстагмæ сси йе ’цæг ном.
Семинары Иван сахуыр кодта грекъаг, латинаг æмæ немыцаг æвзæгтæ.
1917 азы Нигер бацыдис Саратовы университеты историон-филологон хайадмæ, фæлæ дзы ахуыр кодта æрмæст афæдз — мидхæст ын йæ ахуыр фæкъуылымпы кодта.
Нигер сфæлдыстадон куыст кæнын райдыдта 1914 азы. Уыцы рæстæджы Ирыстоны стыхджын сты капиталистон ахастдзинæдтæ, хъæуты цæрджытæ цæхгæр фæдихтæ сты мæгуыртæ æмæ хъæздгуытыл, се ’хсæн тыхджын кодта кълассон тох.
Октябры революцийы агъоммæ æмдзæвгæты Нигер æвдыста хæххон царды нывтæ, мæгуыр адæмы æвадат уавæртæ, сæ фæндтæ æмæ сæ бæллицтæ. Фæнды йæ, сæ цард куы фæхуыздæр уаид, истæмæй сын æххуыс куы уаид. 1917 азмæ дæр бынтон нæма сбæрæг Нигеры тохы нысан, йæ фидæны фæндæгтæ йæ цæстытыл нæма уадысты, йæ зæрдыл-иу фæзынди дызæрдыгдзинæдтæ. Фæлæ революцийы уылæнтæ куыд тыхджындæр кодтой, афтæ Нигеры сфæлдыстады дæр тыхджындæр кодтой сæрибары мотивтæ. Февралы революцийы рæстæджы «Размæ!», зæгъгæ, йæ иу æмдæвгæйы поэт сиды мæгуыр хæххон адæммæ. Цин кæнгæйæ сæмбæлдис Иван 1917 азы революцийы уылæнтыл.
Нигер фыста лирикон æмдæвгæтæ æмæ эпикон поэмæтæ. Уыцы жанртæ ирон поэзийы Нигеры агъоммæ дæр уыдысты, фæлæ сæ Нигер бæрæг фæхъæздыгдæр кодта, бахаста сæм ног идейон мидис, ног поэтикон формæтæ. «Хидыл», «Нæ тæрсын æз!», «Фæстаг хъæбыс», «У фадат аразæг» æмæ æндæр ахæм æмдæвгæтæ ирон лирикæйы ног сты сæ арф философон хъуыдымæ гæсгæ æмæ, поэт йæ хъуыдытæ раст равдисынæн цы ног формæтæ ссардта, уымæ гæсгæ дæр.
Нигер ирон поэзимæ бахаста ног фæлгонцтæ, ног хъуыдытæ, ног темæтæ æмæ поэтикон ног формæтæ. Уыдон дзурæг сты, Нигеры поэзи ирон литературæйы историйы стыр бынат кæй ахсы, ууыл.
Дзанайты Иваны ном хæссы Дзæуджыхъæуы сæйрагдæр уынгтæй иу[3].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Faceted Application of Subject Terminology
- ↑ 2,0 2,1 National Library of Israel Names and Subjects Authority File (ивр.)
- ↑ „Живые улицы“