Дзасохты Алыксандр

Дзасохты Сергейы фырт Алыксандр (райгуырдис 1934-æм азы 3 апрелы, Дзæуджыхъæуы) у ирон, советон æмæ уæрæсейаг паддзахадон æмæ партион архайæг, дипломат, Цæгат Ирыстоны дыккаг президент (1998—2005 азты). Уый йеддæмæ уыдис Советон Цæдисы уæлрадон æмæ æххæстбарджын минæвар Сирийы (1986—1988 азты), СЦКП-йы ЦК-ы Политбюройы уæнг (1990-1991).

Дзасохты Алыксандр
Тырыса
Цæгат Ирыстоны 2-æм президент
Тырыса
1998-æм азы 30 январæй — 2005-æм азы 7 июнмæ
Раздæр чи уыд Галазты Æхсарбег
Фæстæдæр Мамсыраты Таймураз
Райгуырдис 1934-æм азы 3 апрелы(1934-04-03) (90 азы)
Парти
Ахуырад
Ахуырадон къæпхæн политикон зонæдты доктор[d] æмæ историон зонæдты кандидат[d]
Дин растуырнæг дин
Хорзæхтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

2011-æм азæй у Уæрæсейы æхсæнадæмон хъуыддæгтыл советы уæнг.