Дзесты Габрелы фырт Куыдзæг (19051981) у ирон фыссæг-прозаик, тæлмацгæнæг.

Дзесты Куыдзæг
Дзесты Куыдзæг. 1934 азы конд къам
Дзесты Куыдзæг. 1934 азы конд къам
Райгуырды датæ 1905-æм азы 1 июлы(1905-07-01)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1981-æм азы 24 августы(1981-08-24) (76 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон

Цардвæндаг

ивын

Дзесты Габрелы фырт Куыдзæг райгуырдис 1905-æм азы 12 декабры Хуссар Ирыстоны хъæу Едысы мæгуыр хохаджы бинонты ’хсæн. Фондзаздзыдæй баззадис æнæ фыдæй[1], хъомыл æй кодта йæ мад Джыккиан Даро. Едысы каст фæцис æртæкъласон скъола, райдиан скъола та — Дзауы. 1920-æм азы Куыдзæг, æндæр хуссайраг лигъдæттимæ, йæ бинонтимæ йæ цæрæн бынат раивта Цæгат Ирыстонмæ. Ам Дзесты бинонтæ æрцардысты Ногиры. Суинаг фыссæджы бахъуыдис батрачы куыст кæнын Дзæуджыхъæуы агуыригæнæн заводы. 19231925-æм азты Куыдзæг ахуыр кодта облæсты фыццаг фæлтæрæн-æвдисинаг скъолайы.

Дзесы-фырты сфæлдыстадон архайд райдыдта 1925-æм азы (Бекъойты Дзибкайы хъæппæрисæй цы журнал «Юная Осетия» цæуын райдыдта, уым), фæлæ профессионалон æмæ дæсны фыссæгыл æй нымайæн ис 1930-æм азты райдианæй, журнал «Фидиуæг»-ы йæ радзырдтæ «Хорхæссæг», «Уæхæнæзы радзырд», «Фæстаг аргъау» æмæ æндæртæ мыхуыры куы рацыдысты, уæдæй.

Фыссæджы курдиаты æууæлтæ раиртæста Нигер (Дзанайы-фырт), уый фыста 1932-æм азы:

  Нæ фыссæгæн йе стырдæр миниуджытæ иу у уый, æмæ тынг хорз зоны ирон адæмы цард — Хуссарæй-Цæгатæй, ивгъуыд цард дæр æмæ ног цард дæр... Цæйдæриддæр тыххæй фыссы йæ радзырдты, уый зоны хорз, федта йæ, сахуыр æй кодта. Хъæздыг у йе ’взаг, бирæ хорз фадæттæ йын аразы йæ куысты.[2]  

Дзесты Куыдзæг фæзиан 1981 азы 24 августы.

Тæлмацтæ

ивын

Дзесты Куыдзæг канд фыссæг нæ, фæлæ ма уыдис уырыссаг æвзагæй иронмæ дæсны тæлмацгæнæг. Йæ тæлмацæй рацыдысты Валентин Катаевы «Полчъы фырт» («Сын полка»), Б. Горбатовы «Æнæбасæттонтæ» («Непокорённые»), Хетæгкаты Къостайы пьесæ «Дуня» æмæ æндæртæ. Фыссæджы иуæй-иу уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты уырыссаг æвзагмæ.

Репресси, лагертæ

ивын

Дзесты Куыдзæг йæ тæккæ цардбаргæ æмæ куыстхъомдæр азтæй фыдæвзарæн лагерты арвыста æнæхъæн æвддæс — уыцы иу мæнг азымы тыххæй йæ фæд-фæдыл æртæ хатты æрцахстой.

Фыццаг хатт æй æрцахстой 1928-æм азы, троцкизмы æндæвдадæй йæ зылынгæнгæ. Уæд Дзесы-фырты ахастой Астæуккаг Азимæ, Чарджоуы сахармæ. Уыцы хастæй æрбаздæхтис 1930-æм азы. 1936-æм азы 24 августы ногæй бахаудис ахæстонмæ æмæ æрвыст æрцыдис лагермæ. Ссæрибар ис æрмæст 1954-æм азы.

Ребилитацигонд æрцыд 1957-æм азы.

Йæ лагерон тухиты тыххæй фыссæг радзырдта йæ чиныг «Зæрдæйы ностæ»-йы. Бирæ азты йын йæ къухфыст æмбæхстæй фæдардта Куыдзæджы бинойнаг Хъариаты Тамарæ. Кæд ирон литературæйы классикæн йæ мысинæгтæ кæронмæ ныффыссын нæ бантыст, уæддæр ацы уацмыс нымайæн ис ирон литературæйы цымыдисагдæр чингуытæй иуыл.

Чингуытæ æмæ уацмысты æнæххæст номхыгъд

ивын
 
Дзесты Куыдзæджы чиныг. 2007. Цъарыл — Едысы хъæуы къам
  • Хæхтыл. Радзырдтæ. Орджоникидзе, 1932;
  • Додти тæрхъус кæд æрцахста. Радзырд. Орджоникидзе, 1932;
  • Пъырыстыф. Радзырд. Орджоникидзе, 1934;
  • Адæймаг рæзы. Радзырдтæ. Орджоникидзе, 1955;
  • Тырных. Иуактон пьесæ. Орджоникидзе, 1957;
  • Фырнымд чындз, иуактон пьесæ. Орджоникидзе, 1957;
  • Хорхæссæг. Радзырдтæ. Сталинир, 1959;
  • Мадæй тыхджындæр. Радзырдтæ. Орджоникидзе, 1962;
  • Диссаджы кукла. Радзырдтæ. Орджоникидзе, 1963;
  • Мæт. Уацау. Орджоникидзе, 1964;
  • Къуыдзыппа. Радзырд. Орджоникидзе, 1966;
  • Алагираг Сатана. Уацау. Орджоникидзе, 1967;
  • Хозяйка птичьего царства. Повесть. Перевод с осетинского. М., «Детская литература», 1967;
  • Памятник из песни и камня. Повесть. Перевод с осетинского. «Детская литература», 1970;
  • Фыййауы сагъæстæ. Уацау. Орджоникидзе, 1970;
  • Арфæйаг. Радзырдтæ. Орджоникидзе, 1975;
  • Фæззыгон най. Радзырдтæ æмæ уацаутæ. Орджоникидзе, 1983.
  • Зæрдæйы ностæ. Мысинæгтæ. Дзæуджыхъæу, 2002;
  • Фæндагсар Уастырджи: Æвзæрст уацмыстæ. Дзæуджыхъæу, 2007;

Библиографи

ивын
  • Тыбылты А. Дзесты Куыдзæджы «Хорхæссæг», Фидиуæг», 1930, № 3;
  • Нигер. Дзесты Куыдзæг. «Хæхтыл». «Мах дуг», 1934, № 1;
  • Гуыриаты Г. Додти тæрхъус куыд æрцахста. «Æрыгон большевик», 1932, 16 дек.;
  • Ардасенты X. Раппæлинаг радзырдтæ. «Мах дуг», 1962, № 3;
  • Ардасенты X. Нæ прозæйы сæйраг темæ сси абоны цард. Изв. СОНИИ, т. XXII;
  • Гафез. Цард æмæ рæстæджы зарæггæнæг. «Фидиуæг», 1967, № 4;
  • Джусойты Н. Кудзаг Дзесов. В кн.: Очерк истории осетинской советской литературы. Орджоникидзе, 1967.
  • Дзесов Кудзаг. В кн.: Писатели Северной Осетии. Орджоникидзе, 1973;
  • Джыккайты Ш. Æнтыстыты рахæцæн. «Мах дуг», 1973; № 5;
  • Уалыты Л. Зарæг адæймаджы рæсугъддзинадыл. В кн.: Дзырд æмæ царды рæстдзинад. Орджоникидзе, 1985;
  • Мамиаты И. Курдиат рæстæджы тыхæвзарæнты. Дз.: «Ир», 2007.

Æрвитæнтæ

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Джыккайты Шамил. Ирон литературæйы истори. Дзæуджыхъæу, 2003. С. 412.
  2. Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй. Т. 3. «Ир», 1968. Ф. 170.