Дзыллон информацийы фæрæзтæ
(Дзыллон информацийы фæрæз-æй æрвыст)
Дзыллон информацийы фæрæзтæ (ДзИФ) (уырыс. средства массовой информации, СМИ) сты, техникон мæдзæлтты фæрцы чи кусынц, ахæм дзыллæйы ’хсæн информацийы ахæлиу кæнынады системæтæ.
Уæрæсейы Федерацийы зæкъæттæм гæсгæ дзыллон информацион фæрæз у периодикон мыхуыргонд рауагъд, хызы рауагъд, телеканал, радиоканал, теле-алæвæрд, радио-алæвæрд, кинохроникон программæ кæнæ æндæр периодикон дзыллæйы информацион ахæлиу кæнынады формæ, æнæивгæ ном кæмæн ис.