Диас, Адольфо
Адольфо Диас (исп. Adolfo Díaz; райгуырдис 1875 кæнæ 1877-æм азы Костæ-Рикæйы — амардис 1964-æм азы Костæ-Рикæйы сахар Сан-Хосейы) уыд Никарагуæйы 54-æм æмæ 61-æм президент — 1911-æм азы 9 майæй 1917-æм азы 1 январы онг æмæ 1926-æм азы 14 ноябрæй 1929-æм азы 1 январы онг. Кусын райдыдта куыд АИШ-ы компани «La Luz y Los Angeles Mining Company»-йы нымæрдар. Уыцы компани Никарагуæйы скæсæны къахта сыгъзæрин.
Адольфо Диас Ресинос | |
---|---|
Adolfo Díaz Recinos | |
1911-æм азы 9 майы — 1917-æм азы 1 январы | |
Раздæр чи уыд | Хуан Хосе Эстрада |
Фæстæдæр | Эмилиано Чаморро |
1926-æм азы 14 ноябры — 1929-æм азы 1 январы | |
Раздæр чи уыд | Себастьян Уриса |
Фæстæдæр | Хосе Мария Монкада |
1910-æм азы 29 августы — 1911-æм азы 9 майы | |
Президент | Хуан Хосе Эстрада |
Раздæр чи уыд | Хуан Франсиско Бака |
Фæстæдæр | Фернандо Солорсано |
Райгуырдис |
1875-æм азы 15 июлы[1][2] |
Амардис |
1964-æм азы 29 январы[1][2] (88 азы) |
Парти | |
Професси | бухгалтер |
Дин | католик |
Куыд АИШ-ы компанийы нымæрдар, уый, АИШ-ы интерестæй, баххуыс кодта либералон президент Хосе Сантос Селайæ раппарынæн. Селайæ АИШ-æн тынг æнæуынон фæци, Япон æмæ Германæн Никарагуæйы каналы саразыны пълан куы разæвардта, уæд.
Диас президент куы сси, уæд æй бахъуыди пайда кæнын АИШ-ы денджызон фистæгæфсады æххуысæй Бенхамин Селедоны либералон сыстады ныхмæ. Диасы хицауады хъахъхъæнынады министр Луис Менæ дæр растджыты фарсмæ рацыд. АИШ-ы денджызон фистæгæфсад 1912-æм азы октябры растджыты балты ныссæста, Бенхамин Селедон та фехстæуыд. Уыцы цауæй 70 фæстæмæ сандинисттæ радтой Селедонæн «сæрибары сæрвæлтау хъизæмаргæнæг» æмæ «национ хъæбатыры» ном.
Америкаг æфсæддонтæ уыцы рæстæгæй фæстæмæ Никарагуæйы баззадысты дæс азмæ, бынæттон цæрджыты тынг тыхсын кодтой. Уыцы æххуысæн Диас афтæ бузныг уыди æмæ 1914-æм азы бафыста Брайан-Чаморройы бадзырд — уымæ гæсгæ АИШ æнустæм райста Никарагуæйы зæххыл дыууæ фурды ’хсæн канал аразыны эксклюзивон бар, стæй кæмфæндыдæр йæ æфсæддон базæтæ аразыны бар. Уыцы бадзырд АИШ-ы дæр схуыдтой стигъаг æмæ хынджылæггæнæг[3]. Йæ президентон æмгъуыд куы фæци, Диас цалдæр азы дæргъы АИШ-цы царди.
1926-æм азы уый раздæхти Никарагуæмæ æмæ та ногæй сси президент. Ног либералон сыстад афтæ тынг фæрæстмæ æмæ гыццыл ма баззæд Манагуæ ныддарынæн. Фæлæ АИШ-ы къухы бафтыд быцæуы фæрстæ бадзурын кæнын. Уæд либералон командæгæнджытæй иу, Аугусто Сандино, ахæм бадзырдыл не сразы æмæ сыстад адарддæр кæнынмæ расидти. Сандино æнтыстджынæй тох кодта хицауады æфсад æмæ АИШ-ы денджызон фистæгæфсады ныхмæ, дæрæн кодта америкаг компаниты мулк, уымæй бирæ азты дæргъы нымад уыдис Никарагуæ æмæ æнæхъæн Карибы регионы хъæбатыр.
Диас та, йæ дыккаг æмгъуыд куы фæцис, уæд сызгъæрин къахыныл-иу чысыл ацархайдта, стæй ацыдис АИШ-ы цæрынмæ. Царди Нью-Йорчы, Майамийы æмæ Ног Орлеаны, стæй ралыгъдис Костæ-Рикæмæ, æмæ уым амардис 1964-æм азы.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Adolfo Díaz // SNAC (англ.) — 2010.
- ↑ 2,0 2,1 Bibliothèque nationale de France Adolfo Diaz // идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
- ↑ Александр Тарасов 1. Фатальная ошибка янки