Нью-Йорк (англ. New York City) — Америкæйы Иугонд Штатты стырдæр сахар. У дунейы тæккæ дынджырдæр мегаполистæй иу. Йæ фæзуат у 1214,4 км². Цæры дзы, 2003-æм азы сфыстмæ гæсгæ, 8,2 милуан адæймаджы. Нью-Йорк у Америкæйы культурон, финансон, сæудæджерадон, политикон æмæ информацион артдзæст.

Сахар
Нью-Йорк
англ. New York City
Тырыса Герб
Тырыса Герб
40°43′42″ с. ш. 73°59′39″ з. д.HGЯO
Паддзахад Америкæйы Иугонд Штаттæ АИШ
Штат Нью-Йорк
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1613
Раздæры нæмттæ 1664 азы агъоммæ — Ног Амстердам
Фæзуат 1214 км²
Сахатон таг UTC−5:00, сæрды UTC−4:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код 212, 718, 917, 347, 646
Посты индекс 10000–10499, 11004–11005, 11100–11499 æмæ 11600–11699
Æндæр информаци
Фæсномыг «Стыр фæткъуы» («The Big Apple»)
nyc.gov (англ.)
Нью-Йорк (АИШ)
Нью-Йорк (Нью-Йорк)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа
Нью-Йорк. Дæллаг Манхэттены уынд

Цы ран и ивын

 
Нью-Йорчы 5 районы: (1) Манхэттен, (2) Бруклин, (3) Квинс, (4) Бронкс, (5) Статен-Айленд

Сахар æрбынат кодта Атлантикон фурды былгæрон, штат Нью-Йорчы хуссар-скæсæны. Дихгонд у фондз административон районыл: Манхэттен, Бронкс, Бруклин, Квинс æмæ Стейтен-Айлендыл.

Бæстыхъæд æмæ боныхъæд ивын

Нью-Йорчы бæстыхъæд у уымæл æмæ континенталон. Зымæджы рæстæмбис температурæ вæййы −2 °C æмæ +5 °C ’хсæн. Æрвылзымæг дзы рæстæмбис нымадæй мит æруары 60 см æввахс. Уалдзæджы бæстыхъæд вæййы фæлмæн. Рæстæмбис температурæ: +7 °C...+16 °C. Сæрдыгон дзы вæййы æнтæф боныхъæд. Арæх уæлдæфы температурæ вæййы 32 °C-æй фылдæр, хатгай та схæццæ вæййы 38 °C æмæ уæлдæрмæ. Нью-йоркы фæззæг у зæрдæмæдзæугæ: уæлдæфы температурæ фæззæджы вæййы +10 °C...+18 °C. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Нью-йорчы бæстыхъæд у сюрпризджын æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ дзы вæййы саузым æмæ уазалгомау сæрд.

Фенддæгтæ ивын

Нью-Йорчы ис бирæ цымыдисаг фенддæгтæ. Уыдонæй зындгонддæртæ сты: рагон арвысхъауджытæ (Эмпайр-Стейт-Билдинг, Крайслер-Билдинг), æфсæнвæндагон вагзалы бæстыхай Гранд Централ, Рокфеллер-Центр, аивадон музей Метрополитен, Метрополитен-Опера, Соломон Гуггенхаймы Музей (нываивад), Америкæйы Æрдззонæны Музей (планетари æмæ динозаврты стæгдартæ), ИНО-йы штаб-фатер, Гарлем (афроамерикæгты раздæры гетто), Сæрибары статуй æмæ æндæртæ.

Сахары истори ивын

Нью-Йорк цы зæххытæ ахсы, уыдоныл, европæйæгты æрцæрыны бирæ раздæр, цардысты индейаг знæмтæ манахаттоу æмæ канарси. Уымæн æвдисæн сты, сахары, бæстыхæйттæй ахст чи нæу, уыцы районты (зæгъæм, Инвуд-Хилл-Парк и Риверсайд-Парк) цы фатыбырынчытæ æмæ æндæр артефакттæ ссардæуыди, уыдон.

1626-æм азы голландиаг æрлидзджытæ Манхэттены хуссарварс саразтой колони Ног Амстердам (Nieuw Amsterdam). Уыцы цау нымайæн ис сахар Нью-Йорчы бындурæвæрдыл. 1664-æм азы англисаг наутæ, ныхмæлæуд не ссартой, афтæмæй бацахстой сахар æмæ йын радтой ног ном: Нью-Йорк (Йорчы герцоджы ном ссарынæн). Дыккаг англисаг-голландиаг хæсты кæрон, 1667-æм азы голландиæгтæ официалон æгъдауæй радтой Нью-Йорк англисæгтæн æмæ уый бæсты сын Бритайнаг Импери радта æндæр колони — Суринам.

Хæдбардзинады сæрвæлтау Хæсты райдианы сахары ныртæккæйы зæххытыл уыди ахсджиаг хæстæмбæлдтытæ. Бруклины хæстæмбæлды афон сирвæзт, сахары фылдæр хай кæм басыгъди, ахæм стыр зынг. Уыцы цауы тыххæй Нью-Йорк бахауд англисæгты къухмæ, цалынмæ йæ америкæгтæ 1783-æм азы фæстæмæ нæ байстой. «Эвакуацийы бон» — англисæгтæй ссарибары бон — бирæ рæстæг бæрæг кодтой Нью-Йорчы.

XIX æнусы райдианы Нью-Йорк райдыдта тагъд рæзын. Кæд æмæ 1800-æм азы сахары цæрджыты нымæц уыди 65 мин адæймаджы, уæд 1820-æм азмæ схызти 250 мин адæймагмæ.

Мидхæсты рæстæг сахары цæрджыты цæуын кодтой салдæттæй Цæдисы æфсадмæ. Уыцы хæсты хъыгдард æййафтой фыццаджыдæр мæгуыр ньюйоркæгтæ, уæлдайдæр, æфсæддон бегара куы сфидар чынди, уæд. 1863-æм азы сæрды ирландиаг иммигранттæ сбунт кодтой, хъæздгуыты, 300 доллæры бафидыны фæстæ, бегарайæ кæй уæгъд кодтой, уый ныхмæ. Бунтгæнджыты маст фыццаджыдæр ныццарæзтæуыд саудзарм ньюйоркæгты ныхмæ, уымæн æмæ хæст райдайыны æфсон уыди уыдоны ссарибар кæнын. Ирландиæгты мастæн ма уыди иу сæр: куысты бынæттыл тохы раздæры цагъайрæгтæ уыдысты сын тыхджын конкуренттæ. Негртæй бирæ адæм уынгты ныммардæуыд, сæ хæдзæрттæ та бынсыгъд фæчынди.

Сахары цæрджыты нымæц 500 000 адæймагæй 1850-æм азы схызти 1,1 милуанмæ 1880 азы. Цæрджыты нымæц дзæвгар фæфылдæры руаджы Нью-Йорчы территори уæрæх кæнын райдыдта. 1898 азы хæдбар районтæ Куинс, Стэтен Айленд, Бронкс æмæ Бруклин баиу сты сахаримæ. Уыцы заман Нью-Йорчы фæзындысты бирæфатерджын хæдзæрттæ.

1900–1930 азты сахар бауагъта, сакъадах Эллисы былмæ-иу чи рахызти уыцы европæйаг иммигрантты цалдæр егъау уылæны. Афтæмæй ньюйоркæгты нымæц 1930-æм азмæ схызти 7 милуанмæ. Уыцы азты метрополитен æмæ зæххылдзог поездтæ аиуварс кодтой бæх-трамвайты (конкæты).

Дыккаг дунеон хæсты фæстæ Нью-Йорк нымад æрцыд дунейы тæккæ раззагдæр сахарыл. ИНО-йы штаб-фатер дзы кæй сарæзтæуыд, уый æвдыста сахарæн уникалон политикон ахадындзинад кæй ис, уый. Уымæй уæлдай ма Нью-Йорк Парижы бæсты сси раздзог аивады артдзæст. Уыцы иу рæстæг ма ньюйоркæгты бæрæг хай райдыдта лидзын сахарæй, Нью-Йоркгæрон цы чысыл сахаргонд хъæуттæ ис, уырдæм. Уый аххосæй Нью-Йорчы цæрджыты нымæц цадæггай къаддæр кæнын райдыдта.

Фæстагмæ, индустри æмæ базарады ивддзинæдты руаджы, стæй фыдракæндты нымæц кæй фæфылдæр и, уый руаджы, 1970-æм азты Нью-Йорчы сæвзæрди социалон æмæ экономикон кризис.

Президент Рейганы разамынды рæстæг сахары хъæздыгад йæ тæккæ тæмæны уыди, уымæн æмæ уæд бирæ æхца райдыдта зилдух кæнын Уолл-Стриты. Уыцы заман Нью-Йорчы сæргълæууæгæй фæд-фæдыл æртæ æмгъуыды фæкуыста Эд. Кох, фæлæ 1989-æм азы цы æвзæрстытæ уыди, уым æй Дэвид Динкинс амбылдта æмæ сси сахары фыццаг саудзарм мэр. Динкисы уыди демократон партийы уæнг.

1993-æм азы сахары мэрæй равзæрстæуыд Рудольфо Джулиани. 1997-æм та йæ ногæй равзæрстой, тыхджын ныхмæлæуджытæ йын кæй нæ разынди, уый охыл. Джулиани мэрæй куы куста, уыцы рæстæг æххæстгонд æрцыд, сахары инфраструктурæ бæрæг чи фæхуыздæр кодта, уыцы дынджыр проект — цæугæдон Гудзоны бын тъунел саразын. Æндæр ивддзинæдты ’хсæн ис бафиппайæн Таймс-Скверы рацарæзт: парчы фæлгонц тынг раивта — кæд æмæ дзы раздæр, 1960-æм æмæ 1970-æм азты-иу фысымуат ссардтой фыдгæнджытæ æмæ наркомантæ, уæд 1990-æм азты сси туристон фендтаг.

Цæрджытæ ивын

 
Нью-Йорк. Эмпайр-Стейт-Билдинг

Нью-Йорчы æппæты цæвиттойнагдæр æууæлтæй иу у, Зæххы къорийы алыхуызон адæмты минæвæрттæ дзы кæй цæры, уый. Ивгъуыд заман сахары цæрджыты фылдæр хай уыдысты Европæйæ æрлидзæг адæм. XIX æнусы æмбисы се ’хсæн фылдæр хай уыдысты ирландиаг æмæ немыцаг иммигранттæ. XX æнусы райдианмæ иммигрантты ’хсæн æппæты зынгæдæр къорд систы дзуттæгтæ æмæ италиæгтæ. 1940-æм азы сахары цæрджытæй 94%-мæ æввахс уыдысты европеоидтæ. 1920-æм азты райдианы тагъд фылдæр кæнын байдыдта, хуссар штаттæй æрлидзæг афроамерикæгты нымæц. Дыккаг дунеон хæсты фæстæ Нью-Йорчы бирæ пуэрторикæйæгтæ æрцарди.

1980–1990 азты Нью-Йоркмæ ныййарц сты китайæгтæ, индиæгтæ æмæ пакистайнæгтæ, стæй Централон Америкæ æмæ Карибы бассейны паддзахæдтæй æрлидзджытæ.

Чи кæцы расæмæ хауы ньюйоркæгтæй: европейæгты байзæддæгтæ — 44,66%, афроамерикæгтæ — 26,59%, бындурон америкæгтæ (индейæгтæ) — 0,52%, азиæгтæ — 9,83%, Сабыр фурды паддзахæдтæй æрлидзджытæ (æмæ сæ байзæддæгтæ) — 0,07%, æндæр расæты минæвæрттæ — 13,42%, йæхи дыууæ кæнæ фылдæр расæтæм чи бахаста — 4,92%. Æппæт цæрджыты 26,98% сты, расæмæ нæ кæсгæйæ, латинаг америкæгтæ.

Кармæ гæсгæ сахары цæрджытæ дихгонд цæуынц мæнæ ахæм æгъдауæй: 18 азы кæуыл нæма цæуы, уыдон сты æппæт цæрджытæй 24,4%, 18-аздзыдтæй 24-аздзыдты онг — 10,0%, 25-аздзыдтæй 44-аздзыдты онг — 32,9%, 45-аздзыдтæй 64-аздзыдты онг — 21,2%, 65 азы кæуыл сæххæст æмæ уыдонæй хистæртæ — 11,7%.

Нью-Йорчы цæрджыты рæстæмбис кар у 34 азы.

Алы 100 сылгоймагæн уайы 90 нæлгоймаджы. 18 азы кæуыл сæххæст æмæ хистæр кары 100 сылгоймагæн уайы 85,9 нæлгоймаджы.

11-æм сентябрь ивын

11 сентябры террористтæ ныццаразтой дыууæ адæмласæн хæдтæхæджы Дунеон базарадон центры бæстыхæйттæм. Теракты фæмарди, дыууæ хæдтæхæджы чи бадти, уыцы 246 адæймаджы, æмæ базарадон центры мæсгуыты чи уыди уыдон — æдæппæтæй 2602 адæймаджы (уыдонимæ 343 зынгвæдисоны æмæ 60 пъæлицæйаджы). Теракт нымад у сахары историйы тæккæ æбуалгъдæр фыдбæллæхыл.

Фиппаинæгтæ ивын

 
Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.