Димитров, Георгий Михаилы фырт

Георгий Димитров (болг. Георги Димитров Михайлов; райгуырдис 1882-æм азы 18 июны, Болгарийы Перничы облæсты хъæу Ковачевци — амардис 1949-æм азы 2 июлы, Мæскуымæ ’ввæхс Барвихæ) — зындгонд болгайраг политик, коммунист. Коммунистон Болгарийы уый уыд Ленинау аргъуыцаг. Йæ амæлæты фæстæ йæ марды буар бавæрдтой, сæрмагондæй уымæн кæй сарæзтой, уыцы мавзолейы.

Димитров Михаилы фырт Георгий
болг. Георги Димитров Михайлов
1-æм БКП-йы ЦК-ы генералон секретарь
1948 азы 11 августы — 1949 азы 2 июлы
Фæстæдæр Вылко Червенков
1-æм Болгарийы Адæмон Республикæйы министрты советы сæрдар
1946 азы 23 ноябры — 1949 азы 2 июлы
Фæстæдæр Васил Коларов
Райгуырдис 18 (30) июны 1882[1][2][…]
Амардис 1949-æм азы 2 июлы(1949-07-02)[5][6][…] (67 азы)
Ныгæныны бынат
Æмкъай Любæ Ивошевич[d]
Парти БКП
Хорзæхтæ
Ленины орден орден «9 сентября 1944 года» кавалер Большого креста ордена Возрождения Польши
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Æрмгусæджы фырт, 12-аздзыдæй скуыста типографийы (1894). 1901-æм азы сси мыхуыргæнджыты профцæдисы нымæрдар, 1902-æм азæй уыд Болгайраг кусджыты социал-демократон партийы уæнг, 1903-æм азæй — йæ большевикон хайы. 1913—1923 уыд болгайраг парламенты депутат. 1923 азы Болгарийы уый уыд Сентябры æдгæрзтæ растады разамонджыты ’хсæн. Растад куы нæ фæрæстмæ, уæд афтыд фæсарæнмæ, Болгарийы та йын фæсаууонмæ рахастæуыд амарыны тæрхон.

1933-æм азы Германы Димитровы фæзылын кодтой Рейхстаджы бæстыхайыл арт бандзарынæй. Уыциу аз йæ къухы бафтыд йæхи сраст кæнын, уый фæстæ та ацыдис Советон Цæдисмæ. 1937-45 азты — Советон Цæдисы Сæйраг Советы депутат.

Хæст куы фæцис, уæд раздæхт йæ бæстæмæ. 1946-æм азы ссис Министрты советы сæрдар æмæ йæ амæлæтмæ разамынд лæвæрдта бæстæйæн. Бæстæйы хицау куы уыдис, уæд кодта Советон Цæдисмæ хæстæг уæвыны политикæ. Уыимæ ма уыдис тынг æнувыд, хуссар-славяйнаг адæмты федераци скæныны (ома Югослави æмæ Болгари баиу кæныны) идейæйыл.

1990-æм азы Димитровы мард рахастой мавзолейæй æмæ йæ баныгæдтой. 1992-æм азы та Софияйы æхсæнадон совет бауынаффæ кодта, цæмæй Димитровы мавзолей хæлд æрцæуа — уый, дам, сахары архитектурæйæн æцæгæлон у, æмæ уый тыххæй.

Димитровы ном хæссынц æртæ бæстæйы æртæ сахары: Болгарийы Димитровград (ног сахар у), Сербийы Димитровград (кæддæры Цариброд) æмæ Уæрæсейы Димитровград Ульяновсчы облæсты (кæддæры Мелекесс). Дзæуджыхъæуы, республикæйы хицауады бæстыхайы фæстæ, 2010-æм азы ноябры онг лæууыдис Димитровы кадæн монумент — болгайраг сахар Кырджалийы лæвар; ис Димитровы номæн уынг дæр.

Литературæ

ивын
  • Димитров Г. Перед фашистским судом. — М.: Партиздат, 1936. — 192 с.
  • Димитров Г. Избранные произведения : в 2-х т. (1967—1968).
    • Т. 1: (1906—1937 гг.). — София: Изд-во лит. на иностр. яз., 1967. — 814 с.: портр.
    • Т. 2: (1939—1949 гг.). — София: Изд-во лит. на иностр. яз., 1968. — 873 с.: портр.
  • Димитров Г. М. Лейпцигский процесс: Речи, письма и документы / Под ред. и с предисл. Б. Н. Пономарева. — М.: Госполитиздат, 1961. — 532 с.: ил., портр.
  • Кореньков А. Георгий Димитров / Кореньков А. — М.: Госполитиздат, 1962. — 93 с.
  • Курелла А. Димитров против Геринга: По материалам Г. Димитрова о Лейпцигском процессе 1933 г. / Пер. с нем. Г. Я. Рудого. — М.: Прогресс, 1966. — 325 с.
  • Болдырев С. Н. Трижды приговоренный…: Повесть о Георгии Димитрове. — М.: Политиздат, 1968. (Пламенные революционеры) — 414 с, ил.
  • Хаджиниколов В. Георгий Димитров и советская общественность. 1934—1945 / Сокр. пер. с болг. А. Н. Киршевской и А. М. Коренькова. Под ред. В. П. Груздевой. — М.: Прогресс, 1975. — 296 с.: Фотогр.
  • Воспоминания о Георгии Димитрове / Сост. В. Н. Гребенников. — М.: Политиздат, 1982. — 350 с.: ил.
  • Камен Калчев Димитров. Жизнь замечательных людей, Молодая гвардия, 1962 г.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
  2. Georgi Dimitrov // SNAC (англ.) — 2010.
  3. http://biography.yourdictionary.com/georgi-dimitrov
  4. http://www.balkantravellers.com/en/read/article/571
  5. Димитров Георгий Михайлович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  6. Georgi Michailow Dimitrow // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
  7. Find a Grave (англ.) — 1996.