Уацилла
Уацилла кæнæ Елиа, дыгур. Уацелла — ирон зæдты, ирон бардуæгты æхсæн ахсы сæрмагонд бынат. У тыллæджы, хоры æмæ адæймаджы хорздзинадæн цыдæриддæр зайы, уыдоныл аудæг бардуаг. Куыд тыллæджы бардуаг, афтæ йæ хуыдтой Хоры Уацилла дæр. Уымæй уæлдай ма у арвнæрыны бардуаг.
Уацилламæ куывтой суанг алантæ дæр. Ныртæккæйы рæстæджы дæр цыфæнды куывды хистæр Уациллайы номыл рауадзы гаджидау. Уымæн ис бирæ кувæндæттæ, фæлæ сæ сæйрагдæр ис Дæргъæвсы, Тыбауы хохы.
Уациллайы бæрæгбоны-иу йæ мæгуырдзинад ничи æвдыста. Сылгоймæгтæ-иу чъиритæ кодтой æнæдзургæйæ, сæ комытæф куыд нæ цæуа, æмæ-иу сæ дзыхтæ истæмæй бабастой.
Кусæрттагæн-иу аргæвдыны размæ радтой цæхх. Йæ сæр ын-иу куы ралыг кодтой, уæд-иу æй артмæ бадардтой, стæй та-иу æй фæстæмæ бæрзæйыл авæрдтой.
Адæм сæ кувинæгтæ хастой кувæндонмæ, радтой сæ-иу дзуары лæгмæ, сæхæдæг-иу иуварс æрлæууыдысты, уый сæ-иу скуывта. Ома, дам, æнæхъуаджы кувæндонмæ куы бацæуай, уæд дæ бакуырм кæндзæн.
Кусы дзаг ирон бæгæны-иу сæвæрдтой кувæндоны, æмæ,дам, кæд иннæ азмæ нæ фæкъаддæр, уæд аз уыди амондджын. Дзуары лæг-иу бацыдис кувæндонмæ æмæ-иу æм адæм æнхъæлмæ кастысты, цымæ цы хабар рахæсдзæни, зæгъгæ.
Бæрæгбон ныр дæр кæнынц. Скæнынц хъæугывдтæ, скувынц, цæмæй сын Уацилла æрхæсса бирæ амонд.