Дыгурон диалект (дыгурон æвзаг), дыгуронау — дигорон диалект (дигорон æвзаг) у ирон æвзаджы дыууæ диалекттæй иу. Уый у дыгурæтты диалект.

Дыгурон диалект
Хином Дигорон диалект
Бæстæтæ Уæрæсе
Официалон статус Цæгат Ирыстон
Дзурджыты нымæц
  • 100 000 ад. (2010)
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Индоирайнаг æвзæгтæ
Ирайнаг æвзæгтæ
Ирон æвзаг
Фыссынад кириллон алфавит
Glottolog digo1242

Диалектæн ис йæхи фысгæ нормæ, аив литературæ æмæ периодикон мыхуыр. Дыгурон диалектыл ахуыр кæнынц Æрæфы æмæ Дыгуры районты райдайæн скъолаты ахуырдзаутæ.

Дыгуронау чи фыста, уыдонæй зынгонддæр у поэт Малиты Геуæргийы ном.

Дыгурон æвзаг 1937-æм азы

ивын

Советон Цæдисы 1937-æм азы онг дыгурон хицæн æвзагыл нымадтой, уыдысты дзы чингуытæ æмæ сæрмагонд дыгурон алфавит. 1937-æм азы журнал «Революция и национальность»-ы 5-æм номыры рацыд уац «Против буржуазно-националистической клеветы», йæ автор Бæдоаты Хъ.[1]. Уыцы мыхуырон раныхас арæзт уыд Х.М. Мугуевы ныхмæ, дæрæн кодта йæ уац «Социалистическая Северная Осетия». Уый та амынд журналы афæдз раздæр фæзынд. Бадоев Мугуевы азымджын кæны æмæ йæ «контрреволюцион буржуазон националистты» æмрæнхъ æвæры йæ уацы Цæгат Ирыстоны æртæ адæмыхатты — ирæтты, дыгурæтты æмæ туаллæгты — кæй афыссы, уый тыххæй. Бæдоаты Хъазыбегмæ гæсгæ ирæттæ, дыгурæттæ æмæ туаллæгтæ сты кæрæдзийы æмбарынхъом адæмыхатт æмæ зæгъы, кæй никæй бон суыдзæн (Мугуевы ’рдæм дзырдæппарæн) «иумæйаг» адæмыхатты æмæ литературон æвзаджы рæзты раз цæлхдуртæ сæвæрын. Уацы ма, Мугуевы ныхмæ дзурыны аууæты, автор бафтыдта дыгурæтты ныхмæ æнæкомкоммæ, фæрссаг дзырдæппарæнтæ æмæ критикæ:

  Внимательно прочитав с начала до конца статью Мугуева, нельзя увидеть, что среди дигорского народа было когда-нибудь классовое расслоение, он не говорит о том, что дигорские трудящиеся вместе с трудящимися всей Осетии под руководством коммунистической партии вели активную борьбу не только с белыми бандами Деникина, но и со своими помещиками и кулачеством. А у Мугуева получается, что «кряжистые, суровые дигорцы — из осетин наиболее культурные, настойчивые и упорные в труде…»

Нелепость этого утверждения заключается, кроме всего, в том, что дигорцы среди всего осетинского народа не выделяются ни своей кряжистостью, ни трудолюбивостью, ни культурностью…[1]
К.Бадоев

 

Уыимæ бирæтæ куыд æнхъæлынц, афтæ ацы уацы дыгурон æвзаг, диалект, алфавит, фыссынад æмæ литературæ «контреволюцион» хуынд иу ран дæр не ’рцыдысты. Уыцы термин уацы æмбæлы æрмæст «буржуазон националистты» афыссгæйæ, уыдоны æмрæнхъ советон активист Мугуевы æвæргæ. «Буржуазон националисттæ» та Бæдоаты Хъ. уацы рахуыдта, номæй-номмæ, Цæлыккаты Ахмæты, Бекойты Дзибкайы, Байаты Гаппойы, Къосираты Сæрмæты, Кочиты Бидзинайы, Хъубатиты-Болаты Агуыбечыры, Дзесты Куыдзæджы[1].

Кæс ноджы

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын

Литературæ

ивын
  • Тахъазти Федар. Дигорон-уруссаг дзурдуат. — Дзæуæгигъæу: «Аланистон», 2003. — 736 с.

Æддаг æрмæг

ивын