Елисейы галуан
Елисейы галуан (фр. Palais de l'Élysée) у Францы Республикæйы президенты резиденци Парижы (VIII-æм зылд, Фобур Сент-Оноре, 55-æм хæдзар, Елисейы быдыртæм хæстæг). Елисейы галуаны ма вæййы Францы министрты уынаффæдоны рабæдтытæ. Æрвылаз 14 июлы изæры галуаны дыргъдæтты арæзт цæуы бæрæгбонтæ Францы республикæйы боны кадæн.
Елисейы галуаны президент, Республикæйы гвардийы кады хъалагъуримæ, исы фæсарæйнаг паддзахæдты сæргълæуджыты.
Галуан сарæзта архитектор Арман-Клод Молле 1718–1722 азы граф Эврёйæн. Арæзт у Регентады стильмæ (фр. style Régence) гæсгæ.
1753-æм азы графы амæлæты фæстæ агъуыст балхæдта Людовик XV æхсин де Пампадурæн, уый куы фæзиан 1764-æм азы, уæд галуаны хицау систы къаролы дард хæстæджытæ. Наполеон Фыццаджы заман галуанæй фыццаг хатт спайда кодта хицауад. 1816-æм азы йæ балхæдта Людовик XVIII.
1848-æм азы йæ скодтой Дыккаг республикæйы президент Луи Наполеон Бонапарты резиденци, фæлæ 1852-æм азы лæг рахуыдта йæхи император æмæ резиденцийæн райста, Тьюильрийы паддзæхтæн цы хæдзар ис, уый. Елисейы галуан та императоры барамындмæ гæсгæ рацарæзта архитектор Лакруа 1853–1867 азты æмæ уæдæй нырмæ агъуысты фæлгонц у æнæивгæ.