Ельцин, Борис Николайы фырт
Борис Николайы фырт Е́льцин (райгуырдис 1931-æм азы 1 февралы Буткайы хъæуы Свердловсчы облæсты — амардис 2007-æм азы 23 апрелы Мæскуыйы) уыд советон æмæ Уæрæсейы политик, Уæрæсейы Федерацийы фыццаг президент (1991-2000).
Ельцин райгуырдис Уралы хъæуы, зæхкусджыты бинонты ’хсæн. Йæ разгæ бонтæ арвыста Пермы облæсты сахар Березникийы. Уым каст фæцис астæуккаг скъола. Æфсадмæ йæ нæ басидтой, уый тыххæй æмæ йæ армы дыууæ æнгуылдзы нæ уыд.
Ельцин студент куы уыд, тынг уарзта волейбол, сси спорты мастер. 1955-æм азы каст фæци Уралы политехникон университет, æмæ инженер-аразæг сси (йæ дипломон куысты темæ уыд «Телеуынынады мæсыг»). 1955-1968 азты куыста арæзтады. 1968-æм азæй куыста партион архайæгæй, 1985-æм азæй — Мæскуыйы.
1991-æм азы 10 июлы Уæрæсейы адæмæн иузæрдыгдзинадыл ард бахордта æмæ сси УСФСР-йы президент. Йæхæдæг куыд бафиппаидта, сси Уæрæсейы историйы, адæм кæй равзæрстой, фыццаг ахæм сæргълæууæг.
Ельцины критиктæ йæ зылын кæнынц, уый 1991-æм азы Беловежьейы бадзырдыл кæй йæ къух æрфыста, уый тыххæй. Беловежьейы бадзырды аххосæй, дам, Советон Цæдис фехæлдис, Хуссар Ирыстон æмæ æндæр рæтты быцæутæ сирвæзтысты, дуне та дыууæполюсонæй иуполюсон сси.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Boris Yeltsin // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ Boris Jelzin // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ http://news.bbc.co.uk/1/hi/world/europe/6584481.stm
- ↑ Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
- ↑ Новодевичье кладбище, Московский справочник ритуальных услуг
- ↑ (unspecified title) — ISBN 978-5-389-06946-6