Етим Эмин
Етим Эмин (йе ’цæг ном у Магомед-Эмин Севзиханы фырт (Етим тæлмац кæны куыд «Сидзæр»); 1838-æм аз, Ялцуджы хъæу, ныртæккæйы Дагъистаны Сулейман-Стальскийы район — 1884-æм аз, Ялцуджы хъæу, ныртæккæйы Дагъистаны Сулейман-Стальскийы район) уыди лекъаг поэт æмæ лекъаг фысгæ литературæйы бындурæвæрæг.
Етим Эмин | |
---|---|
лекъ. Етим Эмин | |
Райгуырды датæ | 1840[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1880[1] |
Мæлæты бынат | |
Архайды хуыз | поэт |
Уацмысты æвзаг | азербайджайнаг æмæ лекъаг |
Райгуырдис тæрхоны лæджы бинонты ’хсæн. Медресейы сахуыры фæстæ райдыдта кусын йæ фыды бæсты тæрхондоны, фæлæ рæхджы йæ бахъуыди ныууадзын уыцы бынат. Етим Эмин уыди фыццаг ахæм лекъаг, йæ мадæлон æвзагыл æмдзæвгæтæ фыссын чи райдыдта (араббаг дамгъæтæй). Йе сфæлдыстады ис куыд граждайнаг («1877-æм азы растад», «Хæлæрттæн», «Дунейæн»), афтæ лирикон уацмыстæ дæр. Эмин сфидар кодта лекъаг поэзийы ног формæтæ, уыдонимæ астуæнгон силлабикон рæнхъ æмæ рефренон рифмæ.
Æддаг æрмæг
ивын- Етим Эмин, «Булæмæргъ», «Цыппаррæнхъонтæ» Архивгонд æрцыдис 9 октябры 2007 азы.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Etim Ėmin // Faceted Application of Subject Terminology