Зассеты Никъалайы фырт Владимир (Ладикъо), Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Хуссар Ирыстоны Уахтъанайы хъæуæй.

Хæстмæ ацыдис 1941-æм азы. Уыд пулемётæй æхсæг. Иу тохы рæстæджы уый йæхæдæг скуынæг кодта 111 фашисты, ацы хъæбатырдзинады тыххæй йыл фыстой, цы æфсæддон хайы службæ кодта, уыцы æфсæддон хайы газеты. Йæ ныййарджытæм Ладикъо фæстаг фыстæг æрæрвыста 1943-æм азы, уый фæстæ уый æбæрæг сæфт фæкодта.

Владимиры æртæ æфсымæрæй æрмæстдæр иунæг Герсан æрыздæхтис сæхимæ удæгасæй.

Æддаг æрмæг ивын