Зонад
Зонад (бирæон нымæц: зонæдтæ) кæнæ наукæ у ахæм архайд, кæцы тымбыл кæны зонынад æмæ йын уаг æвæры. Уыцы архайды бындуры ис факттæ æмбырдкæнын, систематизаци, критикон анализ æмæ ног зонæнты синтез. Зонады фæрцы адæймагæн фадат фæзыны прогнозтæ кæнын.