Ингилойæгтæ (гуырдз. ინგილოები) сты, Азербайджаны чи цæры æмæ гуырдзиаг æвзаджы ингилойаг диалектыл чи дзуры, гуырдзиаг адæмы уыцы субэтникон къорд.

Ингилойæгтæ
Хином ინგილოები
Ахæлиу Азербайджан Азербайджан
Гуырдзыстон Гуырдзыстон
Æвзаг гуырдзиаг
Дин шиизм æмæ растуырнæг дин
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

XX æнусы райдианы ингилойæгты нымæц уыди 3 мины, 1999-æм азы та, Азербайджаны цы сфыст уыди, уый бæрæггæнæнтæм гæсгæ сæ нымæц у 14900 (сфысты хыгъд æрцыдысты куыд гуырдзиæгтæ).

Цы дин кæнынц, уымæ гæсгæ дих сты чырыстæттæ æмæ суннитон пысылмæттыл. Фыццæгтæ компактонæй цæрынц ацы хъæуты: Ках-Ингилой, Беюк Алатемир, Гах-Баш, Алибекли, Мешабаш, Зегем, Халаф-Тала, Гарамеша æмæ Гымыр (Гахы район), дыккæгтæ — хъæутæ Алиабад æмæ Мосулы (Загаталæйы район) æмæ Ититалайы хъæуы (Балакены район).