Ирак æмæ Леванты Пысылмон паддзахад
Ирак æмæ Леванты пысылмон паддзахад у æхсæнадæмон террористон организаци æмæ квази-паддзахад, кæцы фæзындис 2014-æм азы 29 июны æмæ хоны йæхи «дунеон Халифат»-æй, йæ сæргълæууæг Абу-Бакр аль-Багдадийы та «дунеон халиф»-æй.
2016-æм азы ИЛПП-йы къухы сты стыр территоритæ Ирак æмæ Сирийы, йæ фæдонтæ та тох кæнынц Ливаны, Афгъанистаны, Мысыры, Ливийы, Нигерийы, Цæгат Кавказ æмæ бирæ æндæр бæстæты. ИЛПП-йы зæххыты пайда кæнынц шариатон хицауиуæджы хуызæй æмæ закъæттæй, йæ де-факто сæйраг сахар у Эр-Раккæ.