Ирландиаг адæмон музыкæ

Ирландиаг адæмон музыкæ у ирландиаг адæмы традицион музыкæ. У бирæхуызон: авдæны æмæ фынджы зарджытæ, цадæг инструменталон композицитæ æмæ рог кæфтытæ, æмæ дзы дзæвгар бынат ахсы ритм æмæ мелодийы нюансты æмæ вариациты пайдакæнынад. Традицион ирландиаг кафты музыкæ йæхимæ ’фтауы рилтæ (сæ музыкалон бæрц у 4/4), джигæтæ (сæ тæккæ арæхдæр бæрц у 6/8[1]) æмæ хорнпайптæ. XIX-æм æнусæй райдайгæйæ Ирландийы мидæг популярон сси полькæ, кæцыйы æрбахастой кафыны ахуыргæнджытæ æмæ Европæйæ чи æрыздæхтысты, уыцы салдæттæ.[2] Сеты кæфтытæ æнхъæлгæйæ кафынц Ирландийы XVIII-æм æнусæй фæстæмæ.[3] Уымæй фæстæдæр куыд шотландиаг страспейы кафты вариант Ирландийы фæзынди мазуркæ.[4]

Ирландиаг музыканттæ

XX-æм æнусы райдыдта ирландиаг традицийы ногæй æвзæрынад: популярон систы аккордеон æмæ концертинæ,[5] æххæст кодтæуыдысты ирландиаг степы æмæ кейлийы кафыны ерыстæ[6], кæцыты арæх талас кодтой ахуырадон системæ æмæ патриотон организацитæ. Популярон сси шан-нос (ирл. sean-nós, «зæронд стиль»)[7], зарджытæ æмæ кæфтыты зæронд стильмæ гæсгæ цагъд.

Белфасты артистты фестивалы 1792-æм азы Эдвард Бантинг сцæттæ кодта традицион ирландиаг мелодиты æмæ зарджыты фыццаг æмбырдгонд, кæцы рауагъта 1796-æм азы. Томас Мур, ирландиаг поэт, арæх пайда кодта Бантингы куыстытæй йæ зынгæ æмбырдгонд «Ирландиаг Мелодитæ»-йы, кæцы фыццаг рауагъд æрцыдис 1807-æм азы.

Ирландиæгты АИШ-мæ иугуыр эмиграцийы руаджы, ирландиаг музыкæ разагъды сси Америкæйы, уырдыгæй та — дунейы æппæт рæтты[8]; гастрольты чи уыдысты, уыцы музыканттæ, сæхи радæй, сæ цæгъдыны стильмæ æфтыдтой проамерикæйаг ивддзинæдтæ.[9]

Ноджы ма кæс

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Whistle Workshop(недоступная ссылка). Датæ: 2011-æм азы 10 ноябры. Архив 2012-æм азы 21 июны.
  2. Sawyers, June Skinner (2002), The Complete Guide to Celtic Music, London: Aurum , фæрстæ 48-49.
  3. Inside Ireland(недоступная ссылка). Датæ: 2011-æм азы 10 ноябры. Архив 2012-æм азы 25 апрелы.
  4. Sawyers, June Skinner (2002), The Complete Guide to Celtic Music, London: Aurum , фарс 48.
  5. Concertinas in Ireland
  6. Country House music(недоступная ссылка). Датæ: 2011-æм азы 10 ноябры. Архив 2012-æм азы 7 февралы.
  7. http://www.mustrad.org.uk/articles/sean-nos.htm Sean nos
  8. http://www.spartacus.schoolnet.co.uk/USAEireland.htm Irish emigration
  9. Clarke, Gerry (2006), Oldtime Records Vol 1, Galway: Oldtime Records , Liner notes to CD.