Ирон национ ахуырады концепци

Ирон адæмон ахуырады концепци (уырыс. Концепция осетинского национального образования) у, ЮНЕСКО-йы дæлбазыр Цæгат Ирыстоны педагогтæ ахуыры æппæт къæпхæнтæн кæй сарæзтой, уыцы ахуырадон программæты æмдзыгуыр.

Концепцийы нысæнттæ

ивын

Ирон национ ахуырады концепци райстæуыд Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министрадæй 2004-æм азы 23 апрелы. Концепцийы нысан у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны территоритыл ахуырадон системæйы ног хуызы сарæзт ахуырады бирæвзагон бындурыл. Концепци хъуамæ райсой РЦИ—А æмæ РХИ-йы ахуырадон уагдæттæ, уый сфæлварыны фæстæ. Концепцийы автортæ сты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты профессортæ Хъамболты Тамерлан, Бзарты Руслан æмæ Алинæ Левитская.

Концепцийы бирæвзагондзинады тыххæй

ивын

Концепцийы бындурон хъуыды уый мидæг ис, æмæ ирон национ скъола арæзт цæуы бирæвзагондзинад æмæ бирæкультурондзинады принциптыл. Программæмæ гæсгæ ахуыры æвзæгтæ сты ирон æмæ уырыссаг, кæй ахуыр кæнынц, уыцы æртæ æвзаджы та сты: ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг. Концепцимæ гæсгæ ирон национ скъолайы модель арæзт цæуы ахæм принципыл æнцайгæйæ: «Ирыстон — Уæрæсе — дуне». Моделы нысан у ахуыргæнинæгтæн бауарзын кæнын Уæрæсейы культурæ, уый фæрцы та — дунейы адæмты культурæ. Уымæй уæлдай æхсджиагдæр нысæнттæй иу у хъахъхъæнын ирон æвзаг, куыд паддзахадон.

Полилингвалон ахуыры моделæн ис дыууæ варианты: ирон-уырыссаг æмæ уырыссаг-ирон.

Фыццаг вариантмæ (ирон-уырыссаг) гæсгæ райдайæн кълæсты ахуыртæ хъуамæ райдайой мадæлон æвзагыл, уырыссаг ахуыр хъуамæ цæуа куыд ахуыргæнæн предмет. Фæлæ алы урочы дæр ахуырдзау базоны ног терминтæ уырыссагау дæр. Стæй æртыккаг къласæй райдайгæ, уроктæ сабыргай райдайынц дæттын дыууæ æвзагыл: ирон æмæ уырыссагау.

Цыппæрæм къласы та уырыссаг æвзаг ноджы фæфылдæр вæййы. Фæндзæм къласы ахуыры предметтæ сæ фылдæр райдайынц уырыссагау, фæлæ аст предметы ахуыр цæуынц иронау суанг скъолайы кæронмæ: ирон æвзаг, ирон литературæ, нываивад, музыкæ, дунеон аивадон культурæ, Ирыстоны истори, Ирыстоны географи æмæ ирон адæмы традицион культурæ.

Полилингвалон модель саразæг Хъамболты Тамерланмæ гæсгæ «æнæмæнг скъоладзаутæ ахæм системæйы ахуыргæнгæ, сæ мадæлон æвзаг базондзысты бындуронæй æмæ йæ æцæг литературон формæйæ. Англисаг æвзаг дæр ацы варианты ахуыр кæндзысты иронау». («Рæстдзинад», 2010 азы 18 мартъи)

Дыккаг вариант (уырыссаг-ирон) та арæзт у афтæмæй, цæмæй йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уыцы сывæллæттæ сæ ахуыртæ райдайой уырыссагау, ирон æвзаг ахуыргæнгæйæ куыд ахуыры предмет. Фæлæ уырыссагау ахуыргæнгæйæ, ацы сывæллæттæ хъуамæ базоной алы предметты терминтæ иронау дæр.

Концепци райсыныл куысты тыххæй

ивын

2003-æм азы ноябрæй фæстæмæ РЦИ—А-йы ахуырад æмæ зонады министрадæй арæзт æрцыди Концепцийы программæтæ сæххæст кæныны фыццаг этапты цæттæгæнæн куыст. 2004-æм азы мартъийы Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты базæйыл байгом чындæуыд зонадон-методикон лаборатори, фæстæдæр та — Бирæвзагон ахуырады ЮНЕСКО-йы кафедрæ, кæцы у райдайæн скъолайы æппæт предметтæ, ахуырычингуытæ æмæ программæтыл куыст организацигæнæн зонадон-методикон центр. Уый фæрцы хъуамæ сæвзæра мадæлон æвзаг ахуыр кæныны ног уавæр. 2005-æм азы апрелы арæзт æрцыд педагогты ногæй бацæттæ кæныны пълан. 2005-æм азы июнæй фæстæмæ кусын райдыдтой эксперименталон кълæстæ кæм гомгонд æрцыдысты, скъолайы размæйы ахæм ахуырадон уагдæттæ æмæ скъолаты педагогон кадртæ ногæй цæттæ кæныны курсытæ. ЮНЕСКО-йы кафедрæ райдыдта аразын скъолайы размæйы бирæвзагон ахуыры системæ. Ирыстоны Концепци 2008-æм азы аккагыл банымадта УФ-йы ахуырад æмæ зонады министр Фурсенкойæ куыд универсалон æмæ нырыккон уавæртæн дзуаппдæттæг куыст. Æнæуый Фурсенко æнхъæл у, Концепцийы сæйраг элементтæ ахуырадон системæйы реформæты бындур кæй суыдзысты.

Литературæ

ивын

Хъамболты Тамерлан. Æвзаджы уавæр æмæ æвзагон политикæ Цæгат Ирыстоны: истори, ныры рæстæг, фидæн/ Монографи (уырыс.)

Æрвитæнтæ

ивын