Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуан

Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуан кæнæ Ирыхъæуы аргъуан‎[1] у Дзæуджыхъæуы рагондæр растуырнæг аргъуан.

Аргъуаны зымæгон уынд
Иры аргъуан сæрды

Истори ивын

Аргъуаны бындур 1815-æм азы æрæвæрдта Иры динон консистори æмæ 50 азæй фылдæры дæргъы йæм кувынмæ чи цыдис, уыдон уыдысты Дзæуджыхъæуы фидары æппæт растуырнæг цæрджытæ. 1823-æм азы аргъуаны хъæдын агъуысты бæсты сарæзтæуыд дурæй конд ног бæстыхай. 1824-æм азы 24 мартъийы аргъуаны агъуыст æрцыдис аргъуыд. Аргъуан у, Дзæуджыхъæуы фидары территорийыл цы бæстыхæйттæ уыдис, уыдонæй иунæг æнæхæлдæй баззайæг.

Аргъуан советон заманы ивын

Советон заманы, сæдæгай æмæ мингай аргъуантæ æмæ моладзандæттæ куыд сафтой, афтæ хъавыдысты Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуан дæр ныззаууат кæнын. 1929-æм азы сфæнд чындис аргъуан фехалын, фæлæ аргъуандзаутæ, бæрнджын сауджын æмæ клириктæ йæ бахызтой фыдвæндгæнджытæй. Афтæмæй дыууæ азы дæргъы йæм ничи ныхылдис. Фæлæ 1931-æм азы ногæй æрхъавыдæуыд аргъуан фехалын. Æппынфæстаг 1931-æм азы аргъуан горæххæсткомы бæрны бачындис. 1940-æм азæй 1993-æм азы онг йæ агъуысты куыста Хетæгкаты Къостайы номыл литературон музей.

Аргъуан ныртæккæйы рæстæджы ивын

1993-æм азы аргъуан растуырнæг еклезийы бæрны куы фæцис, уæд дзы райдыдта бæстон цалцæг. Ныртæккæ аргъуан у архайгæ, регулярон æгъдауæй дзы цæуы аргъуыдтытæ. Аргъуаны табуйаг дзаума у Мады Майрæмы Мæздæджы иконæ.

Аргъуаны кæрты цы улæмæрдтæ ис, уым ныгæд сты Дзæуджыхъæу æмæ Ирыстоны бирæ зынгæ адæймæгтæ, уыдоны ’хсæн — Хетæгкаты Къоста, Байаты Гаппо, Абайты Васо æмæ æндæртæ.

Аргъуаны адрис ивын

362007, Цæгат Ирыстон–Алани, Дзæуджыхъæу, Войковы уынг, 22. Тел. 8(8672) 75-32-14, 54-98-67.

Æддаг æрмæг ивын

Фиппаинæгтæ ивын