Абайты Васо
Абайты Иваны фырт Васо (райгуырдис 1900-æм азы 15 декабры (2-æм декабры) Къобы — амардис 2001-æм азы 18 мартъийы Мæскуыйы) уыдис зынгæ лингвист, ирон æмæ æндæр ирайнаг æвзæгтæ иртасæг. Йæхæдæг йæ ном фыста Вассо[кæцæй ист у?], иуæй-иу текстты æмбæлы вариант Уасо.
Абайты Васо | |
---|---|
Райгуырды датæ | 2 (15) декабры 1900[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 2001-æм азы 18 мартъийы[1][2] (100 азы) кæнæ 2001-æм азы 12 мартъийы[3] (100 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | филологи, ӕвзагзонынад, иранистикæ, бæстæзонад[d], этимологи æмæ педагогикæ[d] |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | филологон зонæдты доктор[d] |
Ахуырадон ном | профессор[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивын1925-æм азы каст фæцис Ленинграды университеты æхсæнадон зонæдты факультет. 1928-æм азы каст фæцис аспирантурæ. 1928-1930 азты куыста Советон Цæдисы зонæдты академийы Кавказы историон-археологион институты. 1930-æм азæй куыста Зонæдты Академийы Æвзагзонынады институты сахар Ленинграды, 1950-æм азæй — Мæскуыйы. 1962-æм азы ссис филологион зонæдты доктор (æнæ диссертаци, «йæ куыстыты иумæйаг уæзæй»), 1969-æм азы та — профессор.
1964-æм азы Абайты Васойæн радтой Хетæгкаты Къостайы номыл преми.
1981-æм азы Васойæн радтой Советон Цæдисы паддзахадон премийы лауреаты ном. Зындгонд иртасæг уыдис Стыр Британи æмæ Ирландийы Азийы паддзахадон æхсæнады кадджын уæнг 1966-æм азæй.
Абайты Васо амардис 2001-æм азы 18 мартъийы Мæскуыйы. Ныгæд æрцыдис Дзæуджыхъæуы, Иры Мады Майрæмы аргъуаны кæрты, Хетæгкаты Къостайы ингæны цур.
Æддаг æрмæг
ивынФиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 http://ossetians.com/eng/news.php?newsid=60
- ↑ https://iling-ran.ru/web/en/scholars/abaev
- ↑ Library of Congress Authorities (англ.) — Library of Congress.
- ↑ Сотрудники Российской национальной библиотеки (уырыс.)