Кæфдзæст
Кæфдзæст (англ. Fisheye lens) у фыр-уæрæхтигъон объектив. Фыр-уæрæхтигъон объектив та у объектив, кæцыйæн йæ цæстаххæссæны тигъ у 83° æмæ фылдæр, йæ фокусон дæрдздзæг та (плёнкæйы кæнæ матрицæйы) кaдры къаннæг фарсæй чысылдæр. Хуымæтæджы цыбыр-фокусон объективтæй хицæн кæны йæ бæрæггонд æнæкоррекци боцкъагъуыз дисторсийæ æмæ цæстаххæссæны тигъимæ, 180°-мæ æввахс.
Истори
ивынАхæм типы объективтæ сæрæй разгуыст цыдысты метеорологийæн, асастад исынæн. Фыццаг хуызæгтæн сæ иу сси Hill Sky Lens, лондонаг компани Beck of London-ы конд 1924 азы. Объектив лæвæртта зиллакформæ хуызæвдыст æмæ æгас æрвон æрдæгсферæ иу кадрæй исыны фадат. Фæстæдæр, дисторсигæнæн (скъæдзæн) объективтæ иттæг фæбæззыдысты фотожурналистикæйы, фотоаивæды æмæ синематогрæфы куыд хицæн равдисæн мадзал.
Кæфдзæст объективты спайдакæнæн йæ рæдæмæн арæхдæр ссары уынджы-экстремалон спорты хуызты (паркур, скейтбординг, ВМХ æмæ а.д.). Ис зæгъæн æмæ уый у «сæйраг» объектив ахæм нывистыты, уымæн æмæ дæтты бар цыбыр дистанцийæ сисын куыд «райдерæн» йæхи, афтæмæй ма трюктæ кæнгæ-кæнын, й' алфамбылай архитектурæ дæр. Ноджы ма «кæфдзæст» объективты пайдайад тынг арæхæмбæлгæ у сферон панорамæты нывистты, кæй уадзы кадрты цъусдæр бæрцæй райсын æнæхъæн сферæйы панорамæ.
Сферон-рамон кинематографон системæтæ (дæнцæгæн, IMAX DOME) дæр бындурæвæрд сты «фишай»-объективты типæй пайдакæныныл, æрдæгсферон экрантыл нывистытæн æмæ хуызæвдыстты проекцитæн.
Фокусгæнæн æмæ цыргъæдæй æвдисгæ тыгъдады арфад (ЦÆТА)
ивынКæфдзæстты цыргъæды арфад ахæм у æмæ абаргæйæ нæ-стыр диафрагмæ 5,6-имæ, ЦÆТА-мæ бацæудзæн тыгъдад 40-100 см-æй — æгæронадмæ. Цæвиттон, æгæронады контролыл урæд объективы-иу, фылдæр хæттыты, нал бахъæуы авто, кæнæ армæй фокускæнын.
Кæфдзæст-тип объективты алуынд
ивынНымадылдзыд хъуыдыйау баззади, алыгъуыз «фишайтæн» сæ кæсæн тигъ 180° кæй у, фæлæ афтæ нæу. Пейзажы 180° тигъон хуызæвдыст дæтты зиллакк-ныв, фæлæ кадр (плёнкæ, кæнæ матрицæ) йæхигъæдæй у – расткъуымон. Ис æртæ «кæфдзæсты» хуызы:
1) Циркулярон – рауайгæ кадрыл хуызæвдыст нæ ахсы æнæхъæн фæзуат, фæлæ æрмæст мидвыст зиллакк. Ахæм объективы кæсæн тигъ у 180° алырдæм здахгæйæ дæр (уæллейæ-дæлæмæ, галиуæй-рахизмæ æмæ а.к.). Айхуызон кæфдзæсты фæрцы ис нывист скæнын, кæцыйыл, зæгъæм, æнæхъæн арвыкъуырф дæр æрцæудзæн хуызæвдыст. Циркулярон фишайты хуызтæ:
- «Sigma AF» 8 мм f/3,5 EX DG FISH-EYE
- «МС Пеленг» 8 мм f/3,5
- «Nikon» 8 мм f/2,8
- «Sigma» 4,5 мм f/2,8 EX DC Circular Fisheye HSM — цифрæджын камерæтæн, матрицæйы APS-C асбæрцимæ.
2) Диагоналон (кæнæ «æнæхъæнкадрон) – рауайгæ кадр æнæхъæнæй дæр у хуызæвдыстæй ахст, фæлæ 180° кæсæн тигъ æмбæлон рауайы æрмæст къадыры диагоналтæм абаргæ. Æндæрформæ зæгъгæйæ та, циркулярон тип цы ‘нæхъæн зиллакк дæтты, ацы объектив æй не ‘вдисы кадры. Ам-цауы зыгъуыммæ у: кадр мидвыст æрцæуы зиллаккон хуызæвдысты. Ацы хуызы объективты дæнцытæ:
- «Canon EF» 15 мм F/2,8 Fish-eye
- «МС Зенитар-М»
3) Хуызæвдысты зиллаккимæ 180°-æй фылдæр – арæхдæр вæййынц тымбылхуыз æмæ кæсæн тигъ æххæсы 220°-мæ, куыд «Fisheye-Nikkor» 6 мм f/2,8, йæ уæз 5,2 кг кæмæн кæны.
Геометрикон скъæдзæнтæ
ивынÆгæр уæрæх кæсæнтигъ перспективæйы æнæмæнгæй фæзынын кæны стыр скъæдзæнтæ: фæстаг план, цы у уымæй, дæрддзæфдæр рауайы, зынæн фæзæй дарддæргæнгæ та предметты формæ сскъæдзæнтæ вæййы. Фылдæрхатт, уæрæхтигъон объективтæ кæнгæ, арæзджыты фæфæнды бынтондæр фервæзын дисторсийæ – центыры æхсæн кæцы æмраст хæххытæ нæ хизынц, уыдоны скъæдзæн. Фæлæ уæд та никуыд ис цæстаххæсты 180°-ы тигъ райсæн, уымæн æмæ уæд цæстаххæсты кæрон суыдзæн æгæрон дæрддзæф (ахæм объективæй цæугæ хуызæвдыст, эквивалентон у тъæпæныл сферæйы гномонон проекцийау. Уымæй уæлдай ма, фегъаугæнæн центры ‘рдыгæй рауайы йæ кæрæтты онæй гыццылдæр, æмæ-иу уый иуæй-иу нывисæн ситуациты зынвадат ракæны.
Уый тыххæй, цæмæй 180° æмæ фылдæр тигъ скæндæуа, объектив аразгæйæ дзы бауадзынц æппæрццæг дисторси («боцкъа»). Гъеуæд центыры фегъаугæнæн фæфылдæр вæййы, æмæ йæ алфамбылай объектив цъусдæр кусы куыд уæрæхтигъон. Фæлæ уæддæр, ахæм компенсаци бахæссы йæхи скъæдзæнтæ перспективæмæ – центр раразмæгонд вæййы æмæ ма у предметты формæ скъæдзыны аххосæг: æмраст линитæ (центрыуылтыл кæдон цæуынц, уыдоны йеддæмæ) хуызæвдыст цæуынц къæдзтæй.
Æндæр хицæндзинæдтæ
ивын- Кæфдзæстæй ист кадры гæнæн ис сæрибарæй бахауой нывисæджы къух, зæгъæм, объективы фокусгæнæн цæгыл хæцгæйæ, йæ къæхтæ æмæ ма штативы бындур.
- Кæд кадры центыр горизонты хаххæй дæлдæр хауы, уæд æрвгæрон нывистыл рауайы уæлæкъуыпп линийæ. Зыгъуыммæ варианты та (кадры центыр горизонтæй уæлдæр) — дæлæкъуыпп лини свæййы. Кæд та кадры центр æрвгæроны хаххимæ дырыс æмдзыд сты, уæд горизонт ис йæ тæккæ астæу.