Кайтаджы уцмийад — V—XIX æнусты кайтаггаг æмæ хъуымыхъхъаг адæмы феодалон паддзахад Дагъистаны нырыккон Кайтаджы æмæ Дахадаевы районты зæххыл, уымæ ма хаудысты Сергокалайы, Дербенты æмæ Каякенты районты зæххыты хай.

Уцмийтæ (бынæттон æлдариуæггæнджытæ) бацæхстой Кайтагæй цæгатырдæм зæххытæ, даргъинаг адæм кæм цардысты, уыцы зæххытæ æмæ ма денджызгæрон быдыры иу хай, уым цардысты хъуымыхъхъ. Уый фæрцы сæ бон уыд, Дербент æмæ Фæскавказ Сызгъæрин Ордайы сæйраг сахар Сарайимæ чи иу кодта, уыцы рагон базарадон фæндагæй пайда кæнын. Уцмийады сæйраг сахар уыд Кала-Корейшы фидар бæрзонд къæдзæхыл. XIV æнусы уцмийад, кæцы Сыгъзæрин Ордайы фарс лæууыдис, ныддæрæн кодта Тамерланы æфсад, уыцы рæстæгæй сæдæ азы рацыдис цалынмæ Кайтаджы паддзахад ногæй фæрæвдз ис[1]. Титул «уцмий»-ы равзæрд иу версимæ гæсгæ цæуы араббаг дзырд «исми»-йæ (номджын, намысджын), иннæ версимæ гæсгæ та — даргъинаг дзырд «уци»-йæ, кæцы нысан кæны «æфсымæр». Уцмийы титул лæвæрдтой фыдæй фыртмæ нæ, фæлæ мыггаджы хистæртæй иуæн — уый тыххæй иу кæнæ дыууæ хатты нæ фæхыл кодтой уцмийтæ сæ бынтыл.

XIII æнусы Кайтагмæ цыдысты католикон миссионертæ, фæстæдæр та — Сомих æмæ Гуырдзыстонæй чырыстон миссионертæ дæр. Уый фæдыл кайтаггаг цæрджытæй иуæй-иутæ чырыстон уырнджытæ систы. Уцмийтæ сæхæдæг уыдысты пысылмон, æмæ пысылмон дин парахат кодтой регионы.

XVI æнусы кæронмæ уцмийæн йæ мыггаг æрбынат кодта Маджалисы хъæуы, Кайтаджы быдираг хай, уый фæстæ уцмийы тæваг хохæгтæм фæлæмæгъдæр ис.

Кайтаджы уцмийад Уæрæсейы империйы Кайтаджы-Табасараны зылдмæ бацыдис 1813-æм азы, уыцы рæстæгмæ та йæ къухы æфтыд æртæ егъау империты ’хсæн — Перс, Уæрæсе æмæ Турк — йæ хæдбардзинад хъахъхъæнын[2].

Æлдариуæггæнджыты номхыгъд

ивын

Кайтаггаг æлдариуæггæнджыты династи цæуы корайшит Чупанæй, кæцы цардис лекъаг хъæу Мазайы.

  • Чуфан ибн Султанали-бек
  • нæзонгæ уцмийтæ
  • Р. в. м. уп. в 1064 году
  • Фируз уп. в 1068 году
  • Андзарнарс (XI—XII)
  • Хиздан (XIII)
  • Ах.с.б.р. (XIII), раздæры фырт
  • Мухаммадхан, Амирхан æмæ Амирхамза, манголты бабырсты рæстæг (1239—1240)
  • Султан-Мухаммад-уллу (XIV)
  • Султан-Алибек (XIV—XV), раздæры фырт
  • Мухаммадхан (XV), раздæры фырт
  • Мухаммадбек (XV), раздæры фырт
  • Хайдар (XVI), раздæры фырт
  • Амиркаландар (XVI), раздæры фырт
  • Хасанали (1574—1580), раздæры фырт
  • Султан-Ахмедхан (1580—1588), раздæры фырт
  • Хан-Мухаммад (1588—1605), раздæры фырт
  • Рустам-хан (1605—1632/1645), раздæры фырт
  • Амирхан 1632 азæй
  • Улуг, Рустамханы фырт
  • Нæзонгæ уцмий, Рустамханы фырт, хæсты фæмард 1660 азы
  • Хусейнхан Маджалисский (до 1689 года), Рустамханы фырты фырт
  • Ахмедхан Кубинский (1689—1694), раздæры фырт
  • Алисултан (1689—1706)
  • Ахмед-хан (1706/1711 — 1747)
  • Хан-Мухаммад (1747 — ?), раздæры фырт
  • Хамзат (до 1787 года), раздæры фырт
  • Устархан (1787—1792), раздæры æфсымæр
  • Алибек (1792—1795), Хамзаты фырт
  • Рустамхан-Мамай (1795—1806), Хан-Мухаммады фырт
  • Алихан (1806—1809), Устарханы фырт
  • Адильхан (1809—1822), Устарханы фырт

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Магомедов Р. М. История Дагестана: Учебное пособие; 8 кл. — Махачкала: Изд-во НИИ педагогики, 2002.
  2. Муртазаев А. О. Кайтагское уцмийство в системе политических структур Дагестана в XVIII — начале XIX в.

Литературæ

ивын
  • Серебров А. Г. Историко-этнографическое описание Дагестана. 1796.
  • Симонович Ф. Ф. Описание Южного Дагестана. 1796.
  • Гаджиева С.Ш., Османов М.О., Пашаева А.Г. Материальная культура даргинцев. Махачкала, 1967.
  • Алиев Б.Г., Ахмедов ILL, Умаханов М.-С.К. Из истории средневекового Дагестана. Махачкала, 1970.
  • Новейшие географические и исторические известия о Кавказе. Ч. II. — 1832. — С. 317.
  • Магомедов Р. М. История Дагестана: Учебное пособие; 8 кл. — Махачкала: Изд-во НИИ педагогики, 2002.
  • Сычев Н. В. Книга династий. — М.: «АСТ» — «Восток-Запад», 2008. — ISBN 978-5-17-032495-8.