Касаты Батрадз
Касаты Георгийы фырт Батрадз райгуырдис 1950-æм азы Хетæгкаты Къостайы районы Нароны хъæуы (ныртæккæ уыцы районæн ис æндæр ном æмæ хауы Мæхъхъæлы Республикæмæ). Фæстæдæр Касаты бинонтæ ралыгъдысты Олгинскæмæ. Ам Батрадз каст фæци астæуккаг скъола æмæ дыууæ азы æфсады фæуыны фæстæ кусын райдыдта заводы.
Касаты Батрадз | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1950-æм азы 18 майы (74 азы) |
Райгуырæны бынат | хъæу Нарон, Хетæгкаты Къостайы район |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | журналист, поэт, тæлмацгæнæг |
Здæхт | уацмыстæ |
Уацмысты æвзаг | ирон æвзаг |
Æддаг видео | |
---|---|
Касаты Батрадз радзуры йæ царды хабæрттæ (телеуынынады алæвæрд, 2019-æм аз) | |
https://iryston.tv/teleproject_release/kasaty-batradz/ |
1973—1978 азты ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультеты. Каст æй куы фæци, уæд кусынмæ бацыдис республикæйы телевизион студимæ (1978–1984), стæй раивта газет «Рæстдзинад»-ы редакцимæ (1984–1986). Ноджы куыста ЦИПУ-йы чиныгуадзæны (1989–1993), Цæгат Ирыстоны радиойы. 1993–2015 азты уыди республикæйы парламенты аппараты культурæйы комитеты консультант[1]. 2015-æм азæй фæстæмæ та кусы газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæгæй.
Батрадз литературон куыстыл фæцалх, скъоладзау ма куы уыди, уæд. 1985 азы йын чиныгуадзæн «Ир»-ы рацыд æмдзæвгæты æмбырдгонд «Уалдзæджы хъæр», 1994 азы — «Зилдухæнтæ», 2008 азы та — «Удцырагъ». Газет «Рæстдзинад»-ы фæзындис уыцы фæстаг æмбырдгонды тыххæй Абайты Эдуарды рецензи[2].
Литературæ
ивын- Хозиты Барис. Поэзи у дзырдаивады бæрæгбон // Рæстдзинад. — 23.05.2020. — № 89 (25095). — С. 7.