Касландзиа, Ахрæ Эдуарды фырт
(Касландзиа Эдуарды фырт Ахрæ-æй æрвыст)
Ахрæ Касландзиа (райгуырд 1981-æм азы сахар Сухумы; йæ ном абхазагау нысан кæны «къæдзæх») у Уæрæсейы зарæггæнæг, цæры Мæскуыйы.
Ахрæ Касландзиа | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1981 |
Райгуырæны бынат | Сухум |
Бæстæ |
Уæрæсе Абхаз |
Професситæ | музыкант |
Йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй
ивынСухумы скъола каст фæци тынг æнтыстджынæй. 1998-æм азы æрцыди Дзæуджыхъæумæ. Ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы. Йæ фыццаг зарджытæ фыссын райдыдта Ирыстоны.
Сценæйыл зарын райдыдта 2006-æм азы. Йæ дебют уыди, «Студентон уалдзæг», зæгъгæ, уыцы конкурсы йæхи фыст зарæг куы азарыди, уæд.
Йæ фыццаг профессионалон ныффыст зарæгæн йæ ном уыди «Морæ цæстытæ» (уырыс. Карие глаза). 2007-æм азы академийы каст фæци сырх дипломимæ æмæ райста сывæллæтты хирурджы квалификаци.
Дискографи
ивын- 2006 — Карие глаза (Морæ цæстытæ)
- 2008 — Главные слова (Сæйраг ныхæстæ)
Æрвитæнтæ
ивын- Ахрæйы гастролтæ Волгограды облæсты (уырыс.)
- Ахрæйы тыххæй «Российская газета-йы» (уырыс.)