Кинематограф
Кинематограф (гр. κινημα «змæлд» æмæ гр. γραφω «фыссын», змæлдвыссæн) у адæмы архайды хай, йæ нысан у змæлгæ хуызтæ скæнын. Хаттæй-хатт ма-иу æй синематограф, йе та кинематографи дæр фæхонынц. Кинеметографы сконд хауы XIX æнусы кæронмæ æмæ сси фыр популярон XX-æмы.
Киноматографы æмбарынадмæ хауынц киноаивад — нырыккон хуызæвидсæн аивады хуыз, кæцыйæн йæ уацмыстæ скондæуынц змæлæг нывæвдысттæй, æмæ киноиндустри — экономикæйы къабаз, кæцы кæны кинофильмтæ, спецэффекттæ кинотæм, мультипликаци æмæ æвдисы æуцы киноуацмыстæ фæлгæсджытæн.
Киноаивады уацмыстæ сæвзæрды вæййынц кинотехникæйы фæрцы. Кинематогрæфы иртасы зонад — кинофæсмæрæн. Кинотæ сæхæдæг истæуынц хъазæн æмæ документалон киножанырты.
Нæ дуджы культурæйы кинематограф ахсы нысаниуагджын хай бирæ бæстæты. Сæ фылдæры киноиндустри вæййы экономикæйы бæркадджын къабаз.
Киноты истæвзæрд арæхдæр æрцæуы киностудиты. Фильмтæ æвдыстæуынц кинотеатырты, телеуынады, хæлиубæрц цæуынц «видеойыл» — видеокассетæтыл, кæнæ видеодисктыл, æмæ ма тагъд интернеты февзæрдимæ, фæзынди фадат кинотæ равгæнын видеофайлты формæйы, сæрмагонд сайттыл йе та пирингон хызты руаджы, ноджы ма ис онлайн бакæсыны гæнæн дæр (кæцы-иу свæййы кинофильмыл бардарæджы барты басæттынау).