Колыты Бесайы фырт Аксо (райгуырдис 1822 кæнæ 1823-æм азы Дзæуджыхъæуы, Ирыхъæуы[1][2] — амардис 1866-æм азы) уыдис фаццаг ирон чырыстон сауджынтæй æмæ поэттæй иу.

Колыты Аксо
Райгуырды датæ 1823
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1866
Мæлæты бынат
Архайды хуыз протоиерей, поэт
Уацмысты æвзаг ирон

Аксо райгуырдис аргъуаны хъахъхъæнæджы хæдзары. Ахуыр кодта фыццаг Дзæуджыхъæуы дины скъолайы, стæй та Тифлисы дины семинары. 1845-æм азы Аксо каст фæци ацы семинар тынг хорз нысæнттимæ æмæ уый фæстæ куыста сауджынæй бирæ азты[3].

1862-æм азы йæхи хæдзары байгом кодта ирон чызджытæн скъола, ахуыргæнæг дæр дзы уыд йæхæдæг, ахуыр та сæ кодта лæвар.

Колыты Аксо фыста æмдзæвгæтæ иронау, уыдонæй баззадысты æрмæстдæр æртæ: «Мах фыд», «Мады Майрæмы кады зарæг» æмæ «Чырыстийы рухс райгасдзинад»[4].

Колыты Аксойы ном хæссынц Цхинвалы Аивæдты лицей æмæ Дзæуджыхъæуы дины гимназ[5].

Фиппаинæгтæ ивын