Комплексон анализ

Комплексон анализ кæнæ Комлексон ивæджы функциты теори (КИФТ) у математикон анализы хай, кæцы иртасы комплексон нымæцты функцитæ.

Истори

ивын

Комплексон анализ у математикæйы класикон хæйттæй сæ иу. Уый фæзынд XIX-æм æнусы. Йæ фæзынд æмæ уæрæхгонд баст у Ейлер, Гаусс, Риман, Коши, Вейерштрасс æмæ æндæр ахуыргæндтимæ.

Бындур хъуыдытæ

ивын

Комплексон анализ архайы комплексон нымæцтæй æмæ комплексон функцитæй.

Комплексон нымæц

ивын
Сæйраг уац: Комплексон нымæц

Комплексон нымæц   хонынц æцæг нымæцты радæвæрд фæлыст (  æмæ  ). Фыццаг нымæц,  , хонынц æцæг хай, дыггаг,  , та мæнг хай. Уыцы нымæцтæ  -мæ гæсгæ нысан кæнынц афтæ:  ,  .

Дыууæ кæмплексон нымæцы   æмæ   хонынц æмиас æрмæст еуæд, кæд   æмæ  . Сæ суммæ цын хонынц комплексон нымæц  . Сæ бæрон та комплексон нымæц  . Раппарын æмæ дих кæнын бæрæггонд цæуынц куыд æфтауын æмæ хатт кæныны зыгъуынмæ операцитæ.

Комплексон нымæц  -ы æмæвæрд хонынц комплексон нымæц  . Нысан æй кæнынц уæлыйæ хаххæй. Зæгъæм  -ы æмæвæрд фыст кæны афтæ:  .

Комплексон функци

ивын

Комплексон функцитæ сты ахæм функцитæ, кæм сæрибар æмæ баст ивæгтæ дыууæдæр сты комплексон нымæцтæ. Комплексон анализы ацы функцитæ арæх сæттынц æцæг æмæ мæнг хæйттыл:

  æмæ
 
кæм   æмæ   сты æцæг функцитæ.

Æндæр ныхæстæй f(z) функцийы хæйттæ   æмæ   сты дыууæ параметримæ баст æцæг функцитæ.

Кæс ноджы

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын