Косты Мараты чызг Лизæ (райгуырдис 1954-æм азы Ногиры) у ирон поэтессæ.

Цардафыст

ивын

Каст фæцис Ногиры астæуккаг скъола дæр. Уæлдæр ахуырад та райста Ленинграды паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты.

Куыста газет «Социалистическая Осетия»-йы, Цæгат Ирыстоны радиойы, журнал «Ногдзау»-ы редакцийы, чиныгуадзæнтæ «Ир» æмæ «Проект-Пресс»-ы редакторæй. Ныртæккæ та у Гасситы Викторы номыл типографийы рауагъдады редактор.

1985-æм азы Дзæуджыхъæуы рацыди Лизæйы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Æрвонзынг».[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012