Кочысаты Розæ
Кочысаты Псийы чызг Розæ (райгуырдис 1888-æм азы 12 майы, Ольгинскæйы — амардис 1910-æм азы) уыдис фыццаг ирон сылгоймаг драматург.
Кочысаты Розæ | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1888-æм азы 12 майы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1910 |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Цардафыст
ивынРозæ каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы аргъуаны цур дыууæкъласон скъола, уый фæстæ ахуыр кодта сылгоймæгты аздоны (уырыс. приют) Дзæуджыхъæуы. 1901-æм азы цæрынмæ ацыдис, йæ афицер æфсымæр службæ кæм кодта, уыцы Ташкентмæ. Уым чызг бацыдис сылгоймæгты гимназы æртыккаг къласмæ. 1904-æм азы Кочысон сыздæхтис Дзæуджыхъæумæ.
1907-æм азы Розæ мой скодта æмæ фыццаг цардис Лабæйы, стæй та Алагиры æмæ Æрыдоны. Куыста ахуыргæнæгæй Алагиры, Æрыдоны. Амардис 1910 азы.
Сфæлдыстад
ивынÆдæппæтæй Розæ ныффыста æртæ пьесæйы. Уыдонæй тæккæ популярондæр у дыууæактон комеди «Гæды лæг, кæнæ нæ пъырыстыф сæрра». Ацы ныффыстæуыд 1905-æм азы, фыццаг хатт та мыхуыргонд æрцыдис 1907-æм азы журнал «Зонд»-ы. Пьесæ фыст уыдис, «Зæронд ус æмæ лæджы аргъау», зæгъгæ, уыцы ирон аргъауы мотивмæ гæсгæ.