Крылов, Иван Андрейы фырт
Крылов Иван Андрейы фырт (уырыс. Иван Андреевич Крылов) — уырыссаг публицист, басняфæлдисæг, поэт, сатирикон-рухсадон журналты рауадзæг. Хъуыстгонд фылдæр у йæ 236 басняйы руаджы, уыдон нырид йæ царды рæстæг рацыдысты фараст æмбырдгондæй. Крыловы ацы сфæлдыстадон бынтæ арæзт сты куыд хæдхуыз фыстытæй, афтæ Лафонтены фæлгуыст басняты сюжеттæй. Крыловы баснятæй бирæ разæгъæнтæ систы «рæстдзæф» ныхæстæ.
Иван Андрейы фырт Крылов | |
---|---|
уырыс. Иван Андреевич Крылов | |
Райгуырды датæ | 2 (13) февралы 1769[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 9 (21) ноябры 1844[1][2][…] (75 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | лингвист, поэт, фыссæг, журналист, æмбисæндтæ фыссæг, драматург-режиссёр, рауадзæг, тæлмацгæнæг, сывæлæтты фыссæг, драматург |
Сфæлдыстады азтæ | 1786 — 1843 |
Жанр | басня[d], театралон пьесæ[d], поэзи æмæ прозæ[d] |
Уацмысты æвзаг | уырыссаг[4] |
Хорзæхтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Сабийы æмæ æвзонджы бонтæ
ивынÆрхъулагонд Оренбурджы æххормаг рæстæг æрлæууыд, хæлц сабитæн дæр нал фаг кодта. Уыцы уавæр гыццыл Крыловыл тынг ратавта, æмæ йæ царды кæронмæ уыд уыцы тæлмæны бархъомысы. Рагсабидуджы цытæ бавзæрста, уыдæтты психологион фæстиуджытæ (фæстæдæр терминологийы уыцы уавæр схуыдтаиккой «блокадникы синдром»), вæццæгæн дзуапп дæттынц И.А. Крыловæн уæрæх чи айхъуыст, йæ æмдуггæгтæн æдзух хъазгæмхасæны хъул чи уыд, уыцы æнæхуыххæлдзинадæн.
Пугачёвы растад сабыр кæнгæйæ лæгдзинад равдисгæ йæ фыд, уый хъауыджыдæр, нæдæр хорзæхджын, нæдæр чинæй уæлдæргонд æрцыд. Йæ куыстæй куы суæгъд, уæд граждайнаг службæмæ бацыд, æмæ æд ус, æд дыууæ фырты — Иван æмæ Левимæ, æрцард Тверы. Магистраты сæргълæууæджы хæсад æфтиагджын нæ разынд, бинонтæ мæгуырæй цардысты. 1778-æм азы фыд амард, идæдз æмæ сывæллæтты финансон уавæр та ноджы фæкарздæр.
Иванæн хорз ахуырад райсыны гæнæнтæ нæ уыд. Фæлæ йæ фыдæй, цыма йын бынуагъд æрцыд, афтæ райста кæсынмæ стыр уарзондзинад. Уыцы уагъд æууæлмæ ма фыд бафтыдта егъау, чингуытæй дзаг чырын. Крыловты бонджын сыхæгтæ Иванæн бар радтой сæхи сывæллæттæн цы францусаг æвзаджы урочытæ лæвæрд цыдысты, уыдонмæ цæуын. Тверы губернаг магистрат, йæ фыды раздæрон куысты бынат, лæппуйы æрфидар кодта дæлканцеляристæй. Бинонтæн æхца тыххæй- фыдæй фаг кодта цæрын æмæ хæрынæн. Фондз азы фæстæ идæдз æд сывæллæттæ араст Бетъырбухмæ пенси, æмæ хистæр фыртæн куысты бынат курæг. Иван уæд ног хæсадыл æрфидар — райсдæуыд къазнайы палатæмæ дæлбардзырдон лæггадгæнæгæй.
Æрыгон Крылов, систематиконæй ницавæр ахуырад райсгæйæ, хъæддыхæй архайдта хæдахуыр кæныныл. Бирæ каст, йæхи гъæдæй ахуыр кодта алыгъуызон музыкалон цæгъдæнгæрзонтыл. 15 аздзыдæй ма чысыл комикон оперæ «Кофейницæ» дæр ныффыста, цыргъзонд куплеттæй йæ баххæст кæнгæ. Йæ уыцы æвзонгон уацымыс химæ æркæсын кодта ирд, хъæздыг æвзагæй — уый та фыццаг фæд авæрæг фæлдисæг бакуыста хуымæтæг адæмы астæуты армукъаты æмæ æндæр хуымæтæг адæмон зырхæнты цъилдух кæнгæйæ. Мæгуыр цард хорз кæм вæййы, фæлæ уыйы ’руаджы хорз зонгæ уыд мæгуыр адæмы цард æмæ удыскондимæ — фæстæдæр уый тынг сахадыдта йæ сфæлдыстады.
Иван Бетъырбухмæ куы аивта, раст уыцы рæстæг сахары байгом рæувадат, иумæйаг театр дæр. Æрыгон лæппу, æдзух аивады фæдтæ смудынмæ цæрдæгарæхтæй, уайтагъд уым балæууыд æмæ ма кæцыдæр актёртимæ дæр фæзонгæ ис. Уый фæстæ райдыдта уыцы театры цæрайæ цæрын. Фæлæ уый хыгъд йæ ног къазнайы службæйы карьерæ аразын уый бæрц йæ зæрдæмæ нæ иста. Уымæ гæсгæ æвзонг службæгæнæг 18-аздзыдæй отставкæмæ ныкъкъуырдта æмæ бавнæлдта литературон куыстмæ. Фыццаг æм æнтыст æмгæрон дæр нæ цыд. Йæ «Филомела», классикты фæзмгæйæ фыст трагеди, кæмдæрты талант æмæ сæрибайраг хъуыдыйæ цух нæ уыд, фæлæ литературон критикон цæстæнгасæй кæсгæйæ лæмæгъ фæлдисонд разынд. Фæлæ æрыгон литератор уыромынарæзт нæ уыд — трагедийы фæстæ рахал кодта цалдæр комедийы: «Бешеная семья», «Проказники», «Сочинитель в прихожей» æмæ æнд. Уыдон дæр, кæд æмæ кæсджыты æмæ критикты æвастхъæртæ æмæ скъæфгæ цин нæ расайдтой, уæддæр «Филиомелæ»-имæ абаргæйæ дзæвгар фæхæрзгъæддæр сты.
Фыццаг мыхуыр
ивынИван Алексейы фырт Крыловы фыццаг мыхуыры цау æрцыд 1786-æм азы декабры, фæсгуыхт журнал «Лекарство от скуки и забот». Фёдор Туманский цы мыхуырвæрæз уагъта, уым равæрдæуыд эпиграммæ, йæ бафыст та уыдис хæрзцыбыр — «И.Кр». Йæ фыццаг рæнхъытæ ахæмтæ уыдысты:
- «Ты здравым хвалишься умом везде бесстыдно,
- Но здравого ума в делах твоих не видно».
Фыццаг баснятæ та, ацы хатт æнæ бафыстæй, анонимонæй, фæзындысты 1788-æм азы журнал «Утренние часы»-йы сыфтыл. Æртæ уацмысы — «Стыдливый игрок», «Судьба игроков» æмæ «Новопожалованный осёл» зæгъæн ис æмæ кæсджыты нæ бацагайдтой. Критиктæ дæр сæм сæ цæст не ’рдардтой. Уыдысты сарказм æмæ туагæй йæмыдзаг, рæхойæг, фæлæ цын дæсныйад нырма дæр нæ фаг кодта.
Баснятæ
ивын1805-æм азы Крылов уыд Мæскуыйы æмæ Дмитриев И.И-йæн равдыста Лафонтены дыууæ басняйы уырыссагмæ тæлмæцтæ. Уыдысты «Дуб и Трость» æмæ «Разборчивая невеста». Лобановы ныхæстæм гæсгæ Дмитриев баснятæ бакаст æмæ Крыловмæ баздæхт: «Это истинный ваш род; наконец, вы нашли его». Крылов кæддæриддæр Лафонтены (кæнæ Фонтены, йехирдыгонау æй куыд хуыдта) уарзта æмæ, фæстæдæйрон дам-думтæм гæсгæ, хæрз æвзонгæй йæ тыхтæ ацы авторы сфæлдыстад тæлмацгæныны æвзæрста. Уыцы рæстæг баснятæ æмæ æмбисæндтæ модæйы сты, æмæ, гæнæн ис, Крылов уыцы рæстæг фæлвæрдта æрмæст тæлмац нæ, фæлæ ма Лафонтены æрмæг интерпретаци кæнын дæр. Хуымæтæг адæмон æвзаджы замманай дæсны, кæддæриддæр йæ хъуыды аполоджы пластикон формæйы равдисынæввонг, хъазгæмхасæн хуынджылæджы æмæ пессимизмы апологет Крылов æцæгæй дæр цыма раст баснятæ фыссынæн фæлдыст æрцыд, фæлæ, уæддæр, ныр дæр ма æххæстæй нæма раздæхт ацы сфæлдыстадон формæмæ; 1806-æм азы ныммыхуыр кодта æрмæст æртæ басняйы! 1807-æм азы фæзындысты йæ æртæ пьесæйы, уыдонæй дыууæ, Крыловы сатирикон дæсныйадæн дзуапп кæй лæвæрдтой, уыымæ гæсгæ сценæйыл тынг æнтыстджынæй æвæрд æрцыдысты. Уыдон уыдысты «Модная лавка» æмæ «Урок дочкам» (афæстаг уæгъдæй рафæзмыдта Мольеры «Смешные жеманницы»-йы сюжет). Дыууæ амынд пьесæйы сюжет дæр æнгæстæ рауад, æмæ уæды рæстæджы царды æууæлтæ æвдыста — уацмыстæ худтысты уæрæсейаг æхсæнад францусаг æгъдæуттæ куырмфæзмыд кæй кодта, ууыл. (Уыимæ худæг у æмæ дзы иу пьесæ йæхæдæг францусаг Мольеры мотивтæ кæй рафæзмыдта).
Мæлæт æмæ зианбавæрд
ивынИван Крылов фæзиан 1844-æм азы 9 (21) ноябры. Æфснайд æрцыд 13 (25) ноябры Алексадр Невскийы лаврæйы Тихвинаг уæлмæрдты. Зианы бон Крыловы æмбæлттæ æмæ зонгæтæ хъæргæнæн фыстæгтимæ райсой йæ басняты фæйнæ тома дæр. Чингуыты сæйраг фарсыл, маройджын мæскъы бын фыст уыд: «Приношение на память об Иване Андреевиче, по его желанию». Зиан хæппол рауад. Граф Орлов, паддзахады номдзыддæр адæмæн сæ иу, чырыны бын йæхæдæг бацыд, студенттæй иуы ассонгæ, æмæ табæт хаста.
Ис ахæм дзырддзæугæ думтæ, Крылов, зæгъгæ, æгæр бахæргæ тъæнгæздыхтæй фæзиан. Фæлæ æцæгæй та йæ мæлæты аххоссаг уыд дыууæварсон пневмонийæ.
Уацмыстæ
ивын- Алкид
- Апеллес и ослёнок
- Бедный богач
- Безбожники
- Белка (известны две басни про белку)
- Богач и Поэт
- Бочка
- Бритвы
- Булат
- Булыжник и Алмаз
- Бумажный змей
- Василёк
- Вельможа
- Вельможа и Поэт
- Вельможа и Философ
- Водолазы
- Водопад и Ручей
- Волк и Волчонок
- Волк и Журавль
- Волк и Кот
- Волк и Кукушка
- Волк и Лисица
- Волк и Мышонок
- Волк и Пастухи
- Волк и Ягнёнок
- Волк на псарне
- Волки и Овцы
- Ворона
- Ворона и Курица
- Ворона и Лисица
- Воронёнок
- Воспитание Льва
- Голик
- Госпожа и две Служанки
- Гребень
- Гуси
- Два голубя
- Два Мальчика
- Два Мужика
- Две бочки
- Две Собаки
- Демьянова уха
- Дерево
- Дикие Козы
- Дуб и трость
- Заяц на ловле
- Зеркало и Обезьяна
- Змея
- Змея и Овца
- Камень и Червяк
- Квартет
- Клеветник и Змея
- Колос
- Комар и Пастух
- Конь и Всадник
- Кот и Повар
- Котёл и Горшок
- Котёнок и Скворец
- Кошка и Соловей
- Крестьяне и Река
- Крестьянин в беде
- Крестьянин и Змея
- Крестьянин и Лисица
- Крестьянин и Лошадь
- Крестьянин и Овца
- Крестьянин и Работник
- Крестьянин и Разбойник
- Крестьянин и Собака
- Крестьянин и Смерть
- Крестьянин и Топор
- Кукушка и Горлинка
- Кукушка и Петух
- Кукушка и Орёл
- Купец
- Лань и Дервиш
- Ларчик
- Лебедь, Рак и Щука
- Лев
- Лев и Барс
- Лев и Волк
- Лев и Комар
- Лев и Лисица
- Лев и Мышь
- Лев и Человек
- Лев на ловле
- Лев состарившийся
- Лев, Серна и Лиса
- Лещи
- Лиса
- Лиса-строитель
- Лисица и Виноград
- Лисица и Куры
- Лисица и осёл
- Лисица и Сурок
- Листы и Корни
- Лжец
- Любопытный
- Лягушка и Вол
- Лягушка и Юпитер
- Лягушки, просящие царя
- Мальчик и Змея
- Мальчик и Червяк
- Мартышка и очки
- Медведь в сетях
- Медведь у Пчёл
- Мельник
- Механик
- Мешок
- Мирская сходка
- Мирон
- Мор Зверей
- Мот и Ласточка
- Музыканты
- Муравей
- Муха и дорожные
- Муха и Пчела
- Мыши
- Мышь и Крыса
- Обед у медведя
- Обезьяна
- Обезьяны
- Обоз
- Овцы и Собаки
- Огородник и Философ
- Оракул
- Орёл и Крот
- Орёл и Куры
- Орёл и Паук
- Орёл и Пчела
- Осёл
- Осёл и Заяц
- Осёл и Мужик
- Осёл и Соловей
- Откупщик и Сапожник
- Охотник
- Павлин и соловей
- Парнас
- Пастух
- Пастух и море
- Паук и Пчела
- Петух и Жемчужное зерно
- Пёстрые овцы
- Пловец и Море
- Плотичка
- Подагра и Паук
- Пожар и Алмаз
- Похороны
- Прихожанин
- Прохожие и Собаки
- Пруд и Река
- Пустынник и Медведь
- Пушки и Паруса
- Пчела и Мухи
- Разборчивая невеста
- Раздел
- Роща и огонь
- Ручей
- Рыбья пляска
- Рыцарь
- Свинья
- Свинья под Дубом
- Синица
- Скворец
- Скупой
- Скупой и Курица
- Слон в случае
- Слон и Моська
- Слон на воеводстве
- Собака и Лошадь
- Собака, Человек, Кошка и Сокол
- Собачья дружба
- Совет Мышей
- Сокол и Червяк
- Соловьи
- Сочинитель и разбойник
- Старик и трое молодых
- Стрекоза и Муравей
- Тень и Человек
- Троежёнец
- Тришкин кафтан
- Трудолюбивый Медведь
- Туча
- Филин и Осёл
- Фортуна и Нищий
- Хмель
- Хозяин и Мыши
- Цветы
- Червонец
- Чиж и Ёж
- Чиж и Голубь
- Щука и Кот
- Щука и мышонок
- Щука
- Ягнёнок
Æндæртæ
ивын- 1783 — «Кофейница» (опубл. 1869, либретто комической оперы)
- 1786 — «Бешеная семья» (комедия)
- 1786—1788 — «Сочинитель в прихожей» (опубл. 1794, комедия)
- 1786—1788 — «Проказники» (опубл. 1793, комедия)
- 1786—1788 — «Филомела» (опубл. 1793, трагедия)
- 1788 — «Американцы» (комедия, совместно с А. И. Клушиным)
- 1792 — «Каиб» (сатирическая повесть)
- 1792 — «Ночи» (сатирическая повесть; незакончено)
- 1798—1800 — «Трумф» («Подщипа»; опубл. 1859; распространялась в рукописных списках)
- 1801 — «Пирог» (опубл. 1869, комедия)
- 1806 — «Модная лавка» (комедия)
- 1807 — «Урок дочкам» (комедия)
- 1807 — «Илья-богатырь» (комедия)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 Краткая литературная энциклопедия (уырыс.) — Москва: Советская энциклопедия, 1962.
- ↑ 2,0 2,1 2,2 Русский биографический словарь (уырыс.) / под ред. А. А. Половцов, Н. П. Чулков, Н. Д. Чечулин, В. В. Мусселиус, М. Г. Курдюмов, Ф. А. Витберг, И. А. Кубасов, С. А. Адрианов, Б. Л. Модзалевский, Е. С. Шумигорский — СПб, Москва.
- ↑ различные авторы Энциклопедический словарь (уырыс.) / под ред. И. Е. Андреевский, К. К. Арсеньев, Ф. Ф. Петрушевский — СПб: Брокгауз — Ефрон, 1907.
- ↑ CONOR.Sl
Æрвитæнтæ
ивын- Ерофеева Н. Е. «Урок дочкам» И. А. Крылова: жанр комедии «урока»
- Иван Андреевич Крылов. Басни, стихи, библиография, жизнь, воспоминания современников, рисунки Архивгонд æрцыдис 2 мартъийы 2014 азы.
- Полное собрание сочинений (Гослитиздат, 1945—1946 гг., 3 тома) на сайте русской виртуальной библиотеки
- Крылов Иван Андреевич (1769—1844)
- Алабин П. К биографии И. А. Крылова // Русский архив, 1868. — Изд. 2-е. — М., 1869. — Стб. 860—866.
- Кеневич В. Лев Андреевич Крылов (брат баснописца) Архивгонд æрцыдис 16 сентябры 2019 азы. // Русский архив, 1868. — Изд. 2-е. — М., 1869. — Стб. 239—266.
- Рассказы об И. А. Крылове / Сообщ. В. Ф. Кеневич, С. А. Соболевский // Русская старина, 1870. — Т. 2. — Изд. 3-е. — СПб., 1875. — С. 626—627.
- Е. Лямина: как, когда и почему Иван Андреевич Крылов стал «дедушкой Крыловым»? — лекторий НИУ ВШЭ.
- Басни И. А. Крылова с иллюстрациями