Кумраны къухфыстытæ
Кумраны къухфыстытæ (Мард денджызы тыхтæттæ) — 1947-æм азæй фæстæмæ Кумраны лæгæтты цы бирæ къухфыстытæ ссардæуыд, уыдоны иумæйаг ном. Ссарæггæгты иртæстытæ куыд равдыстой, уыцы къухфыстыты хай фыст æрцыдис Кумраны æмбалады[1] нæ эрæйы агъоммæ 250-æм азæй 68-æм азы онг.
Кумраны тыхтæттæй фылдæр фыст сты уираг æвзагыл (ивритыл), се ’хсæн ис арамейаг æмæ грекъаг æвзæгтыл дæр фыстытæ. Сæйрагдæр фыссæн æрмæг у пергамент, иуæй-иу хатт та папирус, ис æрхуыйы сыфтыл конд фыстытæ дæр. Сæ аппмæ гæсгæ тексттæ дих кæнынц æртæ къордыл: Библийы тексттæ (29% бæрц), апокрифтæ æмæ псевдоэпиграфтæ, Кумраны æмбалады литературæ.
Кумраны къухфыстыты тексттæ
ивын- Перевод многих кумранских рукописей на русский язык
- Кумраны къухфыстытæ цифронгондæй (англ.)(уир.)
- Амусин, И. Д. Кумранский Фрагмент Молитвы Вавилонского Царя Набонида Архивгонд æрцыдис 4 мартъийы 2016 азы.
- Амусин, И. Д. Кумранский комментарий на Осию (4QpHosb II)(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
- Подробный список содержания всех 39 томов The Discoveries in the Judaean Desert.