Къусраты Анатоли
Къусраты Анатоли (райгуырдис 1953-æм азы 14 февралы Громы хъæуы[1]) у зындгонд ирон ахуыргонд, математик, Дзæуджыхъæуы зонадон центры сæргълæууæг.
Къусраты Анатоли | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1953-æм азы 14 февралы (71 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Зонады къабаз | функционалон анализ[d] |
Зонадон къæпхæнтæ
ивын- Физикон-математикон зонæдты кандидат (фидаргонд æрцыдис 1979 азы 23 майы).
- Физикон-математикон зонæдты доктор (фидаргонд æрцыдис 1987 азы 17 апрелы).
- Хистæр зонадон кусæг (фидаргонд æрцыдис 1989 азы 12 сентябры).
- Профессор (фидаргонд æрцыдис 1991 азы 4 октябры).
- Соросы профессор (фидаргонд æрцыдис 1994 азы 1 сентябры).