Къухамындтыты æвзаг

Къухамындтыты æвзаг кæнæ жестты æвзаг у, къуырма адæм цы ’взагæй пайда кæнынц, уый. Зæлты æвзæгты хуызæн, къухамындтыты æвзаджы дæр ис, хицæн нысаниуæг кæмæн нæй, ахæм чысылдæр элементтæ (фонемæты хуызæн сæ схуыдтой хиремæтæ, бердзенаг дзырдæй χείρ «арм»). Уыцы элементты ’хсæн канд къухамындтытæ (жесттæ) не сты, фæлæ цæсгомы æнгас дæр и.

Францаг къухамындтыты æвзаджы демостраци, мивдисæг «фæрсын». Фразæтæ «Фæрсын дæ», «Фæрсыс мæ», «Фæрсы сæ».
Preservation of the Sign Language (1913)

Къухамындтыты æвзæгтæ зæлты æвзæгтимæ баст не сты. Зæгъæм, Герман æмæ Австрийы дзурынц иумæйаг немыцаг æвзагыл, фæлæ дзы ис дыууæ фæйнæхуызон къухамындтыты æвзаджы. Уыимæ уырыссаг къухамындтыты æвзаг францаг æмæ америкаг къухамындтыты æвзæгтæм хæстæг у, ис сæм иумæйаг уидаг — аббат де л’Эпейы (Abbé de l’Epée) къухамындтыты системæ.

Къухамындтыты æвзæгтæ къуырма сывæлæттæн ахуыр кæнынц сæрмагонд ахуыргæндæтты. Къуырма адæймаг, æндæр къуырматимæ куы нæ дзуры, уæд, гæнæн ис, æмæ бынтон æгомыг байрæзы. Уый тыххæй ахæм адæймæгтæн тынг ахсджиаг у, сæ хуызæн зонгæтæ сæм куыд уой æмæ сæхицæн сæрмагонд ахуырад куыд райсой, уый.

XX æнусы Сандинистты революцийы фæстæ Никарагуæйы цалдæр азы дæргъы фæзынд æмæ стыхджын ног къухамындтыты æвзаг — Никарагуæйы къухамындтыты æвзаг. Уый иртасынц дунейы лингвисттæ, æвзаг куыд фæзыны, уый базонынæн.